07 декабря 2012, 09:09
Цæгат Ирыстоны æртæ минæвары хаст æрцыдысты Уæрæсейы премьер-лигæйы хуыздæр футболистты номхыгъдмæ
Цæгат Ирыстоны футболон скъолайы æртæ минæвары хаст æрцыдысты Уæрæсейы премьер-лигæйы хуыздæр футболистты номхыгъдмæ.
Газет «Спорт-Экспресс»-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Цæгат Ирыстоны футболон скъолайы æртæ минæвары хаст æрцыдысты Уæрæсейы премьер-лигæйы хуыздæр футболистты номхыгъдмæ.
Газет «Спорт-Экспресс»-ы бæрæггæнæнтæм
гæсгæ, бæстæйы хуыздæр дуаргæс сси футболон клуб «Анжи»-йы æмæ Уæрæсейы
иугонд командæйы дуаргæс Гæбулты Владимир. Хуыздæр галиу
æрдæгхъахъхъæнджытæм хаст æрцыдысты ЦСКА-йæ Дзæгъойты Алан æмæ
«Рубин»-æй Касаты Алан. 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы æнтысджындæр
футболистты *хсæн та Дзæгъойты Алан ахсы æртыккаг бынат. Дзæуджыхъæуккаг
«Алани»-йы футболисттæй иу дæр рейтинджы уæлдæр къæпхæнтæм нæ бахаудта.
темæмæ гæсгæ




