филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:04 суббота, 21 сентября 2024
30 июля 2014, 08:28
Цæгат Ирыстоны æрцахстой, хæцæнгæрзтæ æнæзакъонæй чи уæй кодта, ахæм фыдгæнджыты къорды

Мидхъуыддæгты министрады уголовон агуырды управленимæ фарон сентябры бахæццæ информаци, республикæйы цæрджытæй æртæ адæймагыл гуырысхо кæнынц хæцæнгарзы æнæзакъон

73548
Мидхъуыддæгты министрады уголовон агуырды управленимæ фарон сентябры бахæццæ информаци, республикæйы цæрджытæй æртæ адæймагыл гуырысхо кæнынц хæцæнгарзы æнæзакъон зилдухæй. Мидхъуыддæгты министрад æмæ Æдасдзинады Федералон Службæйы къордтæ хъуыддаг сбæлвырд кæныны тыххæй спайда кодтой цалдæр мадзалæй. Фыдгæнджытæй балхæдтой хæцæнгарз æмæ рæмудзæн æрмæджытæ. Уый фæстæ æрцахстой æртæ адæймаджы. Æдæппæтæй сæ байстой фараст хæцæнгарзы, уыдонæй æртæ уыдысты, газæй чи æхсы, ахæм дамбацатæ, фæлæ конд уыдысты, цæмæй сæ нæмгуытæй æхсæн уа, афтæ. Уымæй уæлдай сæм уыди гранатæхсæн æмæ 450 гилдзы.

Ныртæккæ фыдгæнджытыл цæуы слест. Æнхъæлмæ сæм кæсы 6 азы онг ахæстоны фæбадыны тæрхон. Барадхъахъхъæнджытæ ма хъуамæ сбæрæг кæной, хæцæнгæрзтæ кæцæй истой, уый дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania