филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:26 четверг, 23 мая 2024
02 октября 2012, 11:45
Цæгат Ирыстоны æрцахстой республикæйы цалдæр цæрæгмæ чи бабырста, ахæм фыдгæнджыты къорд

Цæгат Ирыстоны æрцахстой республикæйы цалдæр цæрæгмæ чи бабырста, ахæм фыдгæнджыты къорд. Сты 9 адæймаджы, æмæ сыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.

Цæгат Ирыстоны æрцахстой республикæйы
цалдæр цæрæгмæ чи бабырста, ахæм фыдгæнджыты къорд. Сты 9 адæймаджы, æмæ
сыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.

Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады
пресс-службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй фыдгæнджыты къорды уæнгтæ
басастысты 12 фыдракæндыл. Апрелы бабырстой национ банчы хицауы
хæдивæджы хæдзармæ, æмæ йæм хæцæнгарзæй æртхъирæн кæнгæйæ сбастой йæхи,
йæ мады æмæ йæ бинойнаджы. Адавтой сæ æхца æмæ сызгъæринтæ. Мæйы фæстæ
та бакодтой æндæр ахæм фыдми. Хæдзары, ныййарджытæй уæлдай уыд æртæ
æнахъом сывæллоны. Уæд дæр ахастой æхца æмæ сызгъæринтæ. Пъæлицæйæгтæ
æрцахстой 53 аздзыд нæлгоймаджы. Разынд фыдгæнджыты раздзог.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania