филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:44 вторник, 19 августа 2025
23 мая 2014, 11:36
Цæгат Ирыстоны 3-æм аз æххæстгонд цæуынц программæтæ «Райдайгæ фермер» æмæ «бинонты фермæтæ»

Сæ бындурыл арæзт цæуы конкурс. Алы хæдзарад дæр дзы æххæст кæны хицæн домæнтæ. Цас раст сты, уый та бæрæг кæны ведомствæты æхсæн арæзт къамис. Программæ хорз фæрæз у

Цæгат Ирыстоны 3-æм аз æххæстгонд цæуынц программæтæ «Райдайгæ фермер» æмæ «бинонты фермæтæ»
хъæууон хæдзарады къабаз райрæзын кæнынæн.Сæ бындурыл арæзт цæуы конкурс. Алы хæдзарад дæр дзы æххæст кæны хицæн
домæнтæ. Цас раст сты, уый та бæрæг кæны ведомствæты æхсæн арæзт къамис.
Программæ хорз фæрæз у.

Ногиры цæрæг Томайты Батраз йæ дæсныйадмæ гæсгæ у ветеринар. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын куыст ссарын у зын. Уымæ гæсгæ, ныр цалдæр азы Батраз кæны фосы куыст. Ис æм 4 галы. Фæлæ йæ фæнды йæ куыст фæуæрæхдæр кæнын.

Бæзаты Иринæ конкурсы архайынмæ курдиат балæвæрдта йæ фырты тыххæй. Ацы куыст кæнынмæ йæм фæлтæрддзинад ис. Фæлæ сæйрагдæр та уый у, æмæ лæппумæ ис фæндон.

Бæзаты Иринæ, конкурсы архайæг «Мæ фырт фæнд кæны фос сбирæ кæнын. Кусынмæ йæм ис разæнгарддзинад. Нæхи фаг дардтам фос. Æхсыр, цыхт, алцыдæр нæм уыди. Мæ фырт ма кроликтæ дæр дардта. Уарзы ахæм куыстытæ, æмæ нæ уымæ гæсгæ фæнды конкурсы архайын. Кæд йæ хъуыддаг фæрæстмæ уаид».

Æртыккаг аз нæ республикæйы кусы ацы хъуыддагæн æххуыс чи сты, аъхæм дыууæ программæйы. Алы фермерон хæдзарад дæр хъуамæ дзуапп дета бæлвырд домæнтæн. Сæ уавæр сын бæрæг кæны ведомствæты хсæн къамис.

Конкурсы архайджыты тыххæй информаци хаст æрцæуы сæрмагонд гæххæттытæм. Йæ ном æмæ мыггагæй уæлдай ма дзы бæлвырдгонд вæййы йæ бæстыхай, æмæ йæм хъæууонхæдзарадон техникæйæ цы ис, уый. Стæй, йæ бинонтæй куыстхъом цалæй сты, уый дæр. Уый фæстæ æппæт бæрæггæнæнтæм æркæсынц конкурсы къамис. Йæ хыгъды сты: хъæууон хæдзарады министрады, республикæйы Праламенты, Цæгат Ирыстоны фæласадмæ цæстдарды минæвæрттæ. Хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Тотраты Олег куыд зæгъы, афтæмæй программæтæ хорз æххуыст сты фермерон хæдзарæдты райрæзтæн. Æхца сын дихгонд цæуы федералон æмæ республикон бюджеттæй. 2012-13-æм азты дыууæ программæйы грантты хицæуттæ систы 78 фермерон хæдзарады. Райстой 350 мин сомæй дыууæ милуаны æмæ 5 сæдæ мин сомы онг æххуыс.

Ацы аз конкурсы архайынмæ сæ курдиæттæ балæвæрдтой 89 фермеры. Уыдонæй къамис хъуамæ равзара 41.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania