Æрвылаз кадджын бæрæгбоны мадзæлттæ арæзт æрцæуынц Тымбыл хъæды дзуары бынаты. Таурæгъмæ гæсгæ ацы æнусон бæлæстæ бирæ азты размæ бамбæхстой Хетæджы йе знæгтæй.
Сабырдзинад, фарн æмæ амонд. Ирыстоны кадджындæр бæрæгбæттæй иуы, Хетæджы боны дыууадæс дзуары лæджы скодтой урс уæлæдарæс æмæ скуывтой хуыцаумæ. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй урс хæдон нысан кæны уды сыгъдæгдзинад, æмæ табуйаг бынатмæ чи рбацыд, уыдонæн ма иу хатт сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, миддунейы рæсугъддзинадыл фылдæр хъуыды кæнын кæй хъæуы, уый. Хетæджы къохмæ æгъдаумæ гæсгæ адæм цыдысты æртыгай чъиритимæ, æртæ фæрсчы æмæ ирон бæгæныимæ. Конд сты Сыгъдæг Лæгты дзуары номыл. Хистæрты куывды фæстæ алкæмæн дæр вæййы кувинæгтæй ацаходыны фадат. Ацы бæрæгбон æрмæст хæрынæн нæу. Йæ сæйраг нысан у нæ рагон æгъдæуттæ бахъахъхъæнын. Дзуары лæгтæ алы аз дæр фæдзурынц, Хетæджы къохы сойын цырæгътæ судзæн нæй. Кувæн бынат аргъуан нæу. Стæй дины бæрæгбон дæр нæу, фæлæ у национ бон.
Хъайтыхъты Ростислав, Дзуары Лæг: «Кувæм Сыгъдæг Уастырджимæ. Ацы ран кæддæр баххуыс кодта Хетæгæн. Бирæтæ афтæ дзурынц, æмæ, дам, чырыстон дин исынмæ хъавыди, кæнæ та кæсгон уыди, æмæ кæмæйдæр лыгъди. Фæлæ куывта Уастырджимæ. Фæрсын уæ, кæд кæсгон уыди, уæд Уастырджимæ куыд куывта?».
Алы аз дæр ацы бон Хетæджы къохмæ æрбацæуынц мингай адæм канд республикæйы районтæй нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æндæр регионтæй дæр. Лæгты дзуармæ скувын ацы бон йæ хæсыл нымайы алы ирон адæймаг дæр, кæмфæнды куы цæра, уæддæр. Адæмы хъуыдымæ гæсгæ, кæддæр Хетæгæн цы бæлæстæ баххуыс кодтой, уыдоныл андзæвгæйæ, банкъарæн ис удæнцойдзинад æмæ уæларвон тых. Уымæ гæсгæ æрбакæнынц сывæллæтты дæр. Уымæн æмæ уыдонæй аразгæ у фидæн. Æмæ цас фылдæр зоной не гъдæуттæ, уыйас сæ хуыздæр хæццæ кæндзыстæм ног фæлтæртæм.
Туаты Таймураз: «Ардæм æрбацæуæм сывæллæттимæ.цæмæй нын хуыцау æххуысгæнæг уа. Фарн, амонд æмæ нын æнæниздзинад балæвар кæна».
Кувинæгтæн сæ фылдæр хай æмбæлы фæстæмæ хæдзармæ æрбахæссын. Цæмæй дзы бинонтæ иууылдæр саходой. Хиуылхæцтæй хуздæр ницы ис. Уымæ гæсгæ сыгъдæг бынатмæ карз нозт хæссын не мбæлы. Ацы хатт ахæм цаутæ уыди дзæвгар къаддæр. Адæм æмбарын райдыдтой, ацы бæрæгбон нæ иугæнæг кæй у, уый.
Фидараты Маринæ




