филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:15 воскресенье, 29 сентября 2024
10 октября 2012, 10:04
Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Хъантемыраты Терезæйы райгуырдыл абон сæххæст 65 азы

Уæрæсейы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Хъантемыраты Терезæйы райгуырдыл абон сæххæст 65 азы. Ирон театры фæкуыста 35 азы, зæрдиаг лæггад фæкодта ирон аивадæн. Театралон аивады паддзахадон институт каст фæуыны фæстæ йæхи равдыста тынг курдиатджын артисткæйæ.

Уæрæсейы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны
адæмон артисткæ Хъантемыраты Терезæйы райгуырдыл абон сæххæст 65 азы.
Ирон театры фæкуыста 35 азы, зæрдиаг лæггад фæкодта ирон аивадæн.
Театралон аивады паддзахадон институт каст фæуыны фæстæ йæхи равдыста
тынг курдиатджын артисткæйæ.

Йæ бон æмхуызон хорз саразын уыд лирикон
æмæ драмон сурæттæ. Хъантемыраты Терезæ ахъазыд 80 ролæй фылдæр. Ирдæй
сарæзта Къостайы поэмæ «Фатимæ»-йы сæйраг хъайтары, Чеховы «æртæ хойы»
Машæйы, «Островскийы «Тæрккъæвда»-йы Екатеринæйы, Плиты Грисы
«Сослан-Цæразон»-ы Тамарæйы æмæ æндæр сурæттæ. Кадджын фестивальты æмæ
гастрольты – иу цы рольты ахъазыд, уыдонæн-иу критиктæ скодтой стыр
аргъ. Хъыгагæн, йæ цард 10 азы размæ аскъуыд æнæнхъæлæджы, фæлæ Иры
дзыллæтæй нæ ферох.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania