филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:22 воскресенье, 29 сентября 2024
27 декабря 2012, 09:37
Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Гуырдзыбегты Иринæйыл ацы бонты сæххæст 75 азы

Йæ юбилеймæ чиныгуадзæн «Ир» мыхуыры рауагъта йе мдзæвгæты æмбырдгонд «Самое, самое». Хаст æм æрцыдысты поэтессæйы зындгонд уацмыстæ, стæй бирæ ног æмдзæвгæтæ.

Алима Магомедовайыл цæуы 10 азы. Кæны фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ – фыссы æмдзæвгæтæ.

Йæ юбилеймæ чиныгуадзæн «Ир» мыхуыры рауагъта йе мдзæвгæты æмбырдгонд «Самое, самое».

Хаст æм æрцыдысты поэтессæйы зындгонд уацмыстæ, стæй бирæ ног æмдзæвгæтæ.

Алима Магомедовайыл цæуы 10 азы. Кæны
фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ – фыссы æмдзæвгæтæ. Ацы хъуыддаджы йын
æххуыс кæны поэтессæ – Гуырдзыбегты Иринæ. Алимæйæн бантыст йе мдзæвгæты
æмбырдгонд рауадзын.

Алима Магомедова: «Гуырдзыбегты
Иринæйымæ кусын мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Ахуыр мæ кæны æмдзæвгæтæ æмæ
радзырдтæ раст фыссын куыд хъæуы, ууыл».

Гуырдзыбегты Иринæйы фыццаг æмдзæвгæтæ
ныммыхуыр кодтой, 6 азы йыл куы цыдис, уæд. Абон у 11 чиныджы автор,
ныффыста сæдæ очеркæй фылдæр. Иринæ куыста газет «Социалистон
Ирыстон»-ы, республикæйы Хицауады. Ныр у национ наукон библиотекæйы
сæйраг редактор.

Бибуаты Иринæ, РЦИ-Аланийы национ наукон
библиотекæйы директоры хæдивæг: «Æрвылбон дисы æфтауы, канд йæ
бирæвæрсыг сфæлдыстадæй нæ, фæлæ парахат зæрдæйæ дæр. Æгæрон уарзтæй
уарзы йæ Райгуырæн бæстæ, цы адæмы хæттытæ дзы цæры, уыдоны. Æрвылбон йе
сфæлдыстадæй се хсæн тауы хæлардзинад. Хистæртимæ у уæздан кæстæр,
кæстæртимæ та – хуымæтæг хистæр».

Ацы бонты Иринæ сбæрæг кодта йæ 75 азы
юбилей. Цæгат Ирыстоны адæмон поэты, республикæйы культурæйы сгуыхт
кусæджы хæрзиуджытæм ма бафтыд ноджыдæр иу – «Ирыстоны Намыс»-ы майдан.
Рауагъдад «Ир» та йын йæ гуырæнбонмæ рауагъта йæ чиныг «Самое, самое».
Автор йе сфæлдыстады дзуры сæйрагдæрыл – уарзондзинады, царды, адæймаджы
тыххæй.

Гуырдзыбегты Иринæ, РЦИ-Аланийы адæмон
поэт: «Еще чуть-чуть и все сначала. И вот уж поднятый бокал, и словно бы
частица нас со стрелки вниз оторвалась».

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania