филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:53 воскресенье, 14 декабря 2025
21 мая 2014, 17:36
Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан фæсидт ныййарджытæм æмæ скъоладзаутæм, цæмæй фæлварæн дæттой раст

Иумæйаг паддзахадон фæлварæны видеоæрмæджытæ иртасдзысты æртæ мæйы дæргъы, тестытæ раттыны фæстæ. Исты аиппдзинæдтæ дзы куы ссарой, уæд уæлдæр скъолатæм чи бацыд, уыцы

Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан фæсидт ныййарджытæм æмæ скъоладзаутæм, цæмæй фæлварæн дæттой раст
Иумæйаг паддзахадон фæлварæны видеоæрмæджытæ иртасдзысты æртæ мæйы дæргъы, тестытæ раттыны фæстæ. Исты аиппдзинæдтæ дзы куы ссарой, уæд уæлдæр скъолатæм чи бацыд, уыцы ахуыргæнинæгты хатдзæгтæ растыл нымад не рцæудзысты.

Уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан фæсидт ныййарджытæм æмæ скъоладзаутæм, цæмæй фæлварæн дæттой раст. Абоны пресс-конференцийы фарстатæн сæ фылдæр баст уыдысты иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттынимæ. Министр куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы скъоладзаутæ цæттæ сты хорз бæрæггæнæнтæ равдисынмæ. Иумæйаг фæлварæн дæтдзысты 5 мин хистæркъласоны. Пресс-конференцийы ма ныхас цыд ирон æвзаг бахъахъхъæныны программæйыл дæр. Огъуаты Алан загъта, ирон æвзаг ахуыргæнæн чингуытыл ацы аз бахардз кæндзысты 8 милуан сомы. Скъолайы агъоммæйы ахуырады рацарæзты федералон программæмæ гæсгæ нæ республикæ субсиди райста 393 милуан сомы. Бынæттон бюджетæй ма сæм бафтыдтой 97 милуаны. Ацы программæмæ гæсгæ рæвдауæндæтты фæзындзæн 3700 уæлæмхасæн бынаты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania