филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:12 четверг, 23 мая 2024
03 октября 2012, 11:11
Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан фембæлд æрыгон ахуыргæнджытимæ

Сæ профессионалон боны агъоммæ Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан фембæлд æрыгон ахуыргæнджытимæ.

Сæ профессионалон боны агъоммæ Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан фембæлд æрыгон ахуыргæнджытимæ.
Сæ сæйраг ныхас уыди ацы дæсныйады кад раздахыныл. Дзырдтой ма
республикæйы æрыгон ахуыргæнджыты совет саразыныл дæр. Уый фæрцы
æнцондæр уыдзæн лыггæнинаг фарстатыл кусын.

Фæстаг азты ахуырады цы мадзæлттæ конд
цæуынц, уыдоны фæрцы зынгæ фæуæрæхдæр сты кусæндæтты авналæнтæ рæзгæ
фæлтæримæ кусыны, къабаз ифтонг кæнынц нырыккон технологитæй. Фæлæ
ахуырад æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан куыд бафиппайдта, афтæмæй
ахуыргæнæджы ахадындзинад кæддæриддæр уыд стыр, æмæ йæ размæ цы фарстатæ
æмæ зындзинæдтæ февзæры, уыдон хъæуы лыг кæнын. Уымæ гæсгæ фæсидт
фембæлды архайджытæм, цæмæй æргом ныхасы фæрцы нысангонд æрцæуой,
бакусын кæуыл хъæуы, уыцы хъуыддæгтæ.

Дзодзыккаты Зелим, прогимназ
«Интеллект»-ы ирон æвзаджы ахуыргæнæг: «Ахуыргæнæгæй кусын 3-г аз,
фæсмон нæ кæнын. Æгайт-ма мæм уыцы хъару ис, æмæ дунейы исты хорз фæд
ныууадзон».

Алибекты Эллæ, Беслæны 8-м скъолайы
информатикæйы ахуыргæнæг: «Ахуыргæнæг цас фылдæр конкурсты архайа,
уыййас фылдæр рæзы. Фыццаг хатт архайдтон республикон конкурсы
«Педагогический дебют», бацахстон фыццаг бынат, уый фæстæ архайдтон
Уæрæсейы конкурсы «Педагогическй дебют», уым дæр бацахстон фыццаг бынат.
Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд».

Ахуыргæнджытæн цæрæнуæттæ амал кæныны
баххуыс кæныны нысанимæ æрæджы республикæйы Хицауад рахаста уынаффæ
ипотекæйы кредиттæ дæттыны тыххæй, уымæ гæсгæ паддзахад йæхимæ райсдзæн
хæс – кредиттæн сæ хай бафидын. Ис ма фарста, цæмæй ахуыргæнджыты
хуыздæр цæттæ кæной нырыккон технологитæм гæсгæ кусынмæ. Æмæ сын ацы
хъуыддаджы пайда у кæрæдзийы фæлтæрддзинад зонын. Уымæ гæсгæ Огъуаты
Алан бахаста фæндон æрыгон ахуыргæнджыты ассоциаци саразын. Фæндоныл
иузæрдионæй сразы сты. Æнæмæнгæй, ахсджиаг уыдзæн хистæр фæлтæры
ахуыргæнджытимæ бастдзинад дæр.

Чихтисты Роксанæ, Алагиры 3-м скъолайы
англисаг æвзаджы ахуыргæнæг: «Фыццаджыдæр, сывæллон хъуамæ зона йæ
хистæрты, кæм цæры, цы адæмы ‘хсæн цæры, кæстæртæн æмæ хистæртæн цы
‘гъдау дæттын хъæуы. Æз цы скъола фæдæн, кусынмæ дæр уырдæм бацыдтæн. Мæ
ахуыргæнджытæ мын тынг æххуыс кæнынц. Исты зындзинæдтæ куы фæзыны, уæд
фыццаг уыдонмæ бацæуын æмæ мын сыгъдæгзæрдæйæ баххуыс кæнынц».

Фембæлды рæстæг ма цы фарстатыл
æрдзырдтой, уыдон баст уыдысты скъоладзауты æххæстæй чингуытæй сифтонг
кæнынимæ, ахуырады кусæджы кад бæрзонддæр кæнынимæ.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania