29 января 2014, 17:19
Цæгат Ирыстоны ахуыргæнинæгтæ хуынд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы Олимпаг арты эстафетæ фенынмæ
Уый тыххæй абон фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министры хæдивæг Блиаты Зæлинæ. Йæ разамындæй, профессионалон училищæты æмæ техникумты хъомыладон куысты специалисттимæ, арæзт æрцыд æмбырд.
Цæгат Ирыстоны ахуыргæнинæгтæ хуынд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы Олимпаг арты эстафетæ фенынмæ. Уый тыххæй абон фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министры хæдивæг Блиаты Зæлинæ. Йæ разамындæй, профессионалон училищæты æмæ техникумты хъомыладон куысты специалисттимæ, арæзт æрцыд æмбырд. Архайдтой ма дзы мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ дæр. Иу хатт ма æрдзырдтой олимпаг арты эстафетæ арвитыны домæнтыл. Стадион «Спартак»-мæ райсом бацæуæн уыдзæн астæй – дæс сахаты онг. Мидхъуыддæгты министры хæдивджытæ Рæмонты Эльбрус æмæ Сергей Гончаров куыд загътой, афтæмæй стадионмæ уæлдай дзаумæттимæ цæуæн нæй, фæлæ æнæмæнг хъæуы хъарм уæлæдарæсы æрбацæуын. Уымæн æмæ уыдзæн 16 градусы онг уазал. Стадионы сæвæрдзысты цалдæр палаткæйы тæвд цай æмæ къофиимæ. Нысанмæ гæсгæ эстафетæ фенынмæ æрбацæудзæн иу мин æмæ фондз сæдæ адæймаджы онг.
темæмæ гæсгæ




