Районты æмæ хъæуты сæргълæуджытæн амыдтой, æнæнхъæлæджы цауы рæстæг куыд архайын хъæуы, уый. Ахæм ахуыртæ республикæйы вæййынц æрвылаз дæр.
Комсомольскæйы хъæды зынгсирвæзт. Тæссаг у, арт хæдзæрттæм куы бахæццæ уа, уымæй. Ахæм дæнцæгыл æвдыст æрцыд, æнæнхъæлæджы цауы рæстæг куыд архайын хъæуы, уый. Фыццаджыдæр, хъæуы хицау зынгсирвæзт кæй æрцыдис, уый тыххæй информаци фехъусын кæны иумæйаг диспетчерон службæмæ.
Диспетчер æнæнхъæлæджы цауы тыххæй сигнал куы райса, уæд уыцы информаци хъуамæ æнæмæнг сбæлвырд кæна. Уый фæстæ бадзура æвæстиаты службæтæм, уыдонимæ ам ис комкоммæ бастдзинад, стæй районы сæргълæууæгмæ. Диспетчер æппæт куыст бæлвырд кæны, цалынмæ æнæнхъæлæджы цауы фæстиуджытæ иуварсгонд æрцæуой, уæдмæ.
Уайтагъд æрæмбырд вæййынц æнæнхъæлæджы цауты фæдыл къамисы уæнгтæ. Снысан кæнын куысты фæтк. Уый фæстæ алы службæ дæр йæ хæстæ æххæст кæнын райдайы.
Æнæнхъæлæджы цауты министрады ахуырадон-методикон æмбырдтæ Кировы районы хуымæтæджы арæзт не рцыдысты. Фароны куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ район республикæйы нымад æрцыд хуыздæрыл. Æнæнхъæлæджы цауты рæстæг архайыны фæтк ам æмбæлгæ æмвæзадыл æвæрд у.
Хъесаты Игорь, Къостайы хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг: «Уый размæ дæр бæлвырд зонгæ уыдыстæм уыцы хабаримæ. Фæлæ ма дзы цы ивддзинæдтæ æрцыдис, уыдон бацамыдтой абон. Ныр ахæм рæстæг у, æмæ ничи ницæмæй хызт у. æмæ алы бæрнон кусæг дæр хъуамæ зона, фыдбылызы рæстæг цавæр къахдзæфтæ кæнын хъæуы, кæй сæмбырд кæнын хъæуы, æмæ цы ми кæнын хъæуы, уый ма нын бамбарын кодтой иу хатт».
Районты æмæ хъæуты сæргълæуджытæн равдыстой службæтæ æнæнхъæлæджы цауы бынаты куыд кусынц, уый дæр.
Габæтты Петр, 18-æм зынгхуыссынгæнæн хайады хицау: «Хъæды хъахъхъæнджытæ дæр сæхи равдыстой. Фыццаг уыдон æрбацæуынц ахæм зынгсирвæзтмæ. Мах службæ дæр æрбацыд. Равдыстам, хæдзæрттæ куыд хъахъхъæнын хъæуы, уый. Бирæ хæдзæрттæ басыгъд Уырысы зынгсирвæзтытæй. Махæн нæ хæс у, бахъахъхъæнын адæмы, сæ хæдзæрттæ».
Ахуырты архайджытæ дзырдтой, иумæйаг диспетчерон службæйы куыст хуыздæр кæныныл бацархайын кæй хъæуы, ууыл. Кировы районы ахæм службæ фæзынд 2012-æм азы кæрон.
Батиаты Хъазыбег, Кировы районы адмиистрацийы сæргълæууæг: «Уый Хицауады хæс у махæн, уыцы службæ саразын. Цыбыр рæстæгмæ йæ сарæзтам. Цы дзы хъæуы, уыцы техникæ сæм ис. Сæ бон у ныртæккæ кусын. Цыдæриддæр скодтам, уыдон сæххæст кодтам районы бюджетæй. Дарддæр дæр архайдзыстæм, цæмæй сæ куыст хуыздæр уа, сæ техникон æххæстгонд дæр хуыздæр уа».
Ахуырадон-методикон æмбырд арæзт æрцæуы æрвылаз. Йæ сæйраг нысан у, цæмæй бынæттон хиуынаффæйады оргæнты разамонджытæ кæрæдзийы куыст феной, æмæ сæ фæлтæрддзинад хуыздæр кæна. Æнæнхъæлæджы уавæрты минситрады цæгатирыстойнаг управленийы хицау Александр Хоружий хатдзæгтæгæнгæйæ загъта, ахуыртæ ацы афон арæзт кæй æрцыдысты, уымæн дæр стыр нысаниуæг кæй ис, уый. Уымæн æмæ уалдзæджы сарæх вæййынц хъæдты зынгсирвæзтытæ æмæ донивылдтытæ.
Хъайтмазты Дзерассæ




