27 января 2014, 11:32
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд республикæйы студентты æмæ фæсивæды Цæдис
Йæ хъæппæрис фыццаджыдæр сæвзæрд Паддзахадон университеты студенттæм. Сæ фарс рахæцыдысты иннæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ дæр æмæ 25 январы сарæзтой форум.
Йæ хъæппæрис фыццаджыдæр сæвзæрд Паддзахадон университеты студенттæм. Сæ фарс рахæцыдысты иннæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ дæр æмæ 25 январы сарæзтой форум. Архайдтой дзы ахуырады министрады æмæ республикæйы хицауады минæвæрттæ. Студенттæ сын радзырдтой сæ сæйраг хъуыдытæ. Фарстатæ лæвæрдтой министр Огъуаты Алан æмæ хицауады сæрдары хæдивæг Леонид Кесельбренермæ. Сæ дыууæ дæр разыйæ баззадысты, студентты Цæдис арæзт кæй æрцыд, уымæй æмæ сын зæрдæ бавæрдтой цæттæ кæй сты фæсивæдон фарстатæ иумæ лыг кæнынмæ. Фæндтæ та студенттæм бирæ ис. Сæ иу у фæсивæдон хицауад саразын. Форум фæцис Къостайы номыл университеты кæрты. Ам республикæйы студенттæ сбæрæг кодтой Татьянæйы бон.
темæмæ гæсгæ




