филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:42 понедельник, 13 мая 2024
12 марта 2013, 17:33
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ, цалдæр министрады æмæ бынæттон администрациты сæргълæуджытæ кæм архайдтой, ахæм ахуыртæ

Æнæнхъæлæджы цауты министрады ахуыртæ арæзт æрцыдысты æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ. Хъыгдард баййæфтой 300 адæймагæй фылдæр, уыдоны `хсæн ис сывæллæттæ дæр. Уæззау уавæры та сты 27-æй. Ирвæзынгæнæн операцийы архайдтой æппæт тагъд æххуысы структурæтæ дæр – æнæхъæлæджы цауты министрад фыццаджыдæр, мидхъуыддæгты æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадтæ, Æрыдоны районы бынæттон хайæдтæ.

Абон Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ, цалдæр министрады æмæ бынæттон администрациты сæргълæуджытæ кæм архайдтой, ахæм ахуыртæ. Специалисттæ ацыдысты æрымысгæ цауы бынатмæ æмæ дзы равæрдтой пъалаткæтæ, архайдтой адæмы фервæзын кæныныл.

Æнæнхъæлæджы цауты министрады ахуыртæ арæзт æрцыдысты æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ. Хъыгдард баййæфтой 300 адæймагæй фылдæр, уыдоны `хсæн ис сывæллæттæ дæр. Уæззау уавæры та сты 27-æй. Ирвæзынгæнæн операцийы архайдтой æппæт тагъд æххуысы структурæтæ дæр – æнæхъæлæджы цауты министрад фыццаджыдæр, мидхъуыддæгты æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадтæ, Æрыдоны районы бынæттон хайæдтæ.

Хъарданты Къоста, Æрыдоны районы граждайнаг хъахъхъæнынады æмæ æнæнхъæлæджы цауты хайады хицау: «Крымскы хабæртты фæстæ, куыд сбæрæг афтæмæй хицауад æмæ хуымæтæг адæм, кæмæй цыдис уыцы хабар бахъахъхъæнын, уыдон нæ бакуыстой хуызæнæн æмæ уымæ гæсгæ æнæхъæн Уæрæсейы, канд нæ республикæйы нæ, цæуынц ахæм ахуыртæ. Службæтæ, администрацитæ феной, æмæ цæттæ уой, фыццаджыдæр цы кæнын хъæуы, цæмæй бахъахъхъæной адæмы».

Нæ республикæйы ахуырты уыд æнæнхъæлæджы цауты министрады Цæгат Кавказы регионалон центры хицауы хæдивæг Александр Барсуков. Ахуыртæ арæзт æрцыдысты донивылдтыты рæстæджы агъоммæ. Уæвгæ, Æрыдоны районы ис ахæм хъæутæ, тæссаг уавæр кæмæн ис. Уымæ гæсгæ сæм цæуы стыр цæстдард. Æдæппæтæй ахуырты архайдтой 100 адæймагæй фылдæр, стæй 30 машинæйы сæрмагонд техникæ.

Æрыдонмæ бацæуæны æнæхъæлæджы цауты министрады специалисттæ равæрдтой тагъд æххуысы лагерь. Райсæн дзы уыдис медицинон æххуыс æмæ тæвд хæринаг. Уыимæ ам арæзт æрцыд, хæдтæхæгæн æрбадæн кæм ис, ахæм бынат, цæмæй бахъуаджы сахат æнæкъуылымпыйæ спайда кæной æппæт ирвæзынгæнæн фæрæзтæй дæр.

Æнæнхъæлæджы цауы рæстæг арæх нал фæкусы чырæ бастдзинад. Мæнæ ацы пункты руаджы, бæллæх аиуаврс кæныныл цы стркутурæтæ архайынц, уыдонæн ис фадат кæрæдзиимæ ныхас кæнынæн. Бастдзинад ма æххæст кæнынц федералон центримæ дæр».

Ахуыртæн хатдзæгтæ скодтой æнæнхъæлæджы цауты республикон къамисы уæнгтæ. Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий кæронбæттæны доклад бакаст Æнæнхъæлæджы цауты министрады Цæгат Кавказы регионалон центры хицау Николай Литюкæн.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania