филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:50 среда, 17 декабря 2025
20 марта 2018, 18:40
Цæгат Ирыстоны арæзт уыдзæн национ æвзаджы терминологон къамис

Ахæм уагæвæрд уыцы-иу рæстæг хаст æрцыд дыууæ республикæйы хицауæдты æмбырды.

Цæгат Ирыстоны арæзт уыдзæн национ æвзаджы терминологон къамис
Цæгат Ирыстоны арæзт уыдзæн национ æвзаджы терминологон къамис. Ахæм уагæвæрд уыцы-иу рæстæг хаст æрцыд дыууæ республикæйы хицауæдты æмбырды.
Къамисы сæйраг фарстатæ сты – ирон æвзаджы лингвистикон терминологон системæ фæхуыздæр кæнын, сбæрæг кæнын литературон нормæтæ, æмæ фæбæрзонддæр кæнын æвзаг зоныны культурæ. Уымæй уæлдай ирон адæмы национ-культурон райрæзты тыххæй арæзт цæуы экспертон къамис дæр, уый кусдзæн Хуссар Ирыстонимæ æмгуыстады фарстатыл дæр.
Цæгат Ирыстоны хицауады æмбырды ма экономикæйы райрæзты министр Томайты Хъазыбег хатдзæгтæ скодта регионы ивгъуыд азы райрæзтæн. Премьер-министр Тускъаты Таймураз бахынцта, дарддæр уыцы хъуыддагыл кусын кæй хъæуы, уый.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania