Дзæуджыхъæуы бынмæ нæмыцаг æфсæдтæ пырхгонд куы æрцыдысты, уый 70 азы кадæн Цæгат Ирыстоны ацыд республикон турнир дзюдойæ. Архайдтой дзы спортсментæ Мæскуыйæ, Оренбургæй, Челябинскæй, Кемеровы облæстæй, Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон зылдтæй.
Дзæуджыхъæуы бынмæ нæмыцаг æфсæдтæ пырхгонд куы æрцыдысты, уый 70 азы кадæн Цæгат Ирыстоны ацыд республикон турнир дзюдойæ.
Архайдтой дзы спортсментæ Мæскуыйæ, Оренбургæй, Челябинскæй, Кемеровы облæстæй, Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон зылдтæй.
Цæгат Ирыстонмæ ссыд Уæрæсейы дзюдойæ
иугонд командæты генералон менеджер Эцио Гамба дæр. Республикæйы иугонд
командæйы тренер дзюдойæ Беккуызарты Аликимæ фембæлд республикæйы
сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразимæ, республикæйы хицауады сæрдар Такъоты
Сергейымæ, мидхъуыддæгты министр Артур Ахметхановимæ æмæ УФ-йы
нæлгоймæгты иугонд командæйы тренер дзюдойæ Дмитрий Морозовимæ. Ныхас
цыд спорты ацы хуызы райрæзтыл.
Сæ иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ, æппæт ерыстæм цæттæгæнæн æмбырдтæ цæудзысты Цæгат Ирыстоны.
Ацы ерыстæм кæсын се ппæтæн дæр уыд цымыдисаг. Ирыстойнаг спортсментæ стыр арæхстдзинад кæй равдыстой, уый дæр сын уыд æхсызгон.
Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ фæуæлахиз сты Ирыстойнаг дзюдоисттæ.