филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:19 вторник, 16 декабря 2025
24 апреля 2018, 12:25
Цæгат Ирыстоны бæлццæтты чи ласы, уыдонæн сæ 91% сты хицæн адæм

Æрмæст 9% та хауынц промышленность æмæ транспорты министрады бæрны цы автопарк ис, уымæ

Цæгат Ирыстоны бæлццæтты чи ласы, уыдонæн сæ 91% сты хицæн адæм

Цæгат Ирыстоны бæлццæтты чи ласы, уыдонæн сæ 91% сты хицæн адæм, æрмæст
9% та хауынц промышленность æмæ транспорты министрады бæрны цы автопарк ис,
уымæ. Уый тыххæй фехъусын кодта министр Хайдарбек Бутов хи автотранспортон
куыстуат «АлРус»-ы куыст бæрæггæнгæйæ. Куыд загъта, афтæмæй йæ размæ
æвæры хæс фенын адæмы чи ласы, уыцы хи куыстуæтты архайдиммæ, æдасдзинады
мадзæлттимæ.

«АлРус» у бæлццæттæ ласыны домæнтæ хорз чи æххæст кæны, уыцы
компанитæй иу. Йæ бæрны ис цалцæггæнæн æрмадз, машинæтæ æхсæн æмæ лæууæн
бынæттæ. Рейсы размæ шофырты
æнæниздзинадмæ кæсы дохтыр, машинæ та ацæуы техникон цæстард æмæ сервисон
лæггад. Куыстуат сæвзæрд 8 азы рамæ. Йæ маршруттæй иу у Дзæуджыхъæу – Ногир,
æмæ 8-æм маршрут. Машинæтæ сты 45 æмæ
сеппæт дзуапп дæттынц техникон домæнтæн, зæрæдтæ ивынц ногтæй, зæгъы директор Олисаты Зауырбег. Уæдæ хъалонтæ
дæр фидынц афойнадыл, фарон бафыстой 900 мины. Фидæныл хъæуды кæнгæйæ, фæнд
кæнынц фæфылдæр кæнын кусæг бынæттæ, саразын ног бокстæ.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын
кæндзыстæм, æрæджы республикæйы сæргъæлууæг Битарты Вячеслв йæ доклады æргом
аздæхта социалон-экономикон райрæзтмæ. Æмæ уым фæнысан кодта адæмы чи ласы,
уыдонæй бирæтæ сæхи не ргом кæнынц, афтæмæй бюджетмæ дæр фæрæзтæ нæ хæссынц,
стæй æппæты вазыгджындæр, бæрæггонд нæу адæмы æдасдзинады домæнтæ æххæст
кæнынц, æви нæ, уый. Ныртæккæ сæ ныхмæ цæуы куыст æмæ профилон ведомствæтæ
баурæдтой 500 закъонхалæджы куыст.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania