филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:23 воскресенье, 06 октября 2024
24 ноября 2014, 12:02
Цæгат Ирыстоны чырыстон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы бæрæгбон

Арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы хъæппæрисæй. Бакуыста ма йыл равдыстадон центр «Кавказ». Бæрæгбон æххæстгæнгæйæ ма спортивон комплекс Манежы арæзт æрцыд чырыстон равдыст-армукъа.

75050
Чырыстон Ир. Цæгат Ирыстоны чырыстон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы бæрæгбон. Арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы хъæппæрисæй. Бакуыста ма йыл равдыстадон центр «Кавказ». Бæрæгбон æххæстгæнгæйæ ма спортивон комплекс Манежы арæзт æрцыд чырыстон равдыст-армукъа.

Бæрæгбоны мадзæлттæ райдыдтой Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы номыл аргъуаны. Аргъуыд дзы сарæзта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Зосима. Бæрæгбонмæ æрбацыдысты республикæйы уырнæг адæм. Сæ бон уыд бандзæвын Чырыстийы уæлæдарæсы иу хайыл æмæ мæскуыйаг Матронæйы буарыхайыл. Республикæмæ ма сластой Мадымайрæмы дзуары ныв «Умиление».

Æлборты Сослан: «Адæммæ кæсын, æмæ сæ цæсгæмттыл бæрæг у, тынг кæй цин кæнынц ацы хабарыл. Æмæ æцæгæй дæр стыр зындгонд хабар у, балхæдтам мыдадзын цырæгътæ æмæ скувдзыстæм Хуыцаумæ, цæмæй нын баххуыс кæна, бинонтæн, сывæллæттæн, кæй уарзæм, чи нæ уарзы, алкæмæн дæр. Уыимæ ма Ирытсоны дæр нæхи бæрæгбон у Джеогуыба, æмæ Сыгъдæг Георгийæн дæр ракувдзыстæм, цæмæй нын æххуысгæнæг уа не ппæтæн дæр».

Аргъуыды фæстæ сауджынтæ адæмимæ иумæ сарæзтой дзуæрттимæ цыд Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы номыл аргъуаны алыварс æмæ уый фæстæ сæ фæндаг акодтой спортивон комплекс Манежмæ.

Манежы бæрæгбон байгом кодтой кадджын уавæры. Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Такъоты Сергей куыд загъта, афтæмæй мадзалæн ис стыр нысан. Йе ‘руаджы арæзт цæуы егъау рухстауæн куыст.

Ахæм чырыстон равдыст-армукъа республикæйы арæзт æрцыд ныр дыккаг хатт. Адæмæн фадат дæтты чырыстон дины хорзæхтыл бандзæвынæн, Дзуæртты нывтæ æмæ чырыстон дины æндæр кадджын дзауматæ балхæнынæн. Фæлæ йæ сæйраг нысан та у адæмы иудзинад равдисын æмæ йыл аудын.

Мадзалы архайынмæ республикæмæ ссыдысты Уæрæсейы алы регионты аргъуанты минæвæрттæ. Ис нæм уаздджытæ куыд хæстæг, афтæ дард фæсарæнтæй дæр. Къуырийы дæргъы ма адæмæн фадат уыдзæн фыссæг Юрий Воробьевскийымæ æмæ режиссер Елена Козенковаимæ фембæлынæн, чингуыты презентацитæ фенынæн, стæй чырыстон динимæ баст аивадон æмæ документалон кинонывтæм бакæсынæн.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania