филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:51 вторник, 16 декабря 2025
24 января 2013, 11:32
Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæст кæнынц программæ «Доступная среда»

Программæ «Доступная среда» царды рауадзын кæмæ хауы, уыцы бæрнон кусджыты тыххæй Цæгат Ирыстоны премьер-министр Такъоты Сергей бахаста фæндон иу сахат сæ инвалидты коляскæты фæдарын.

Программæ «Доступная среда» царды рауадзын кæмæ хауы, уыцы бæрнон кусджыты тыххæй Цæгат Ирыстоны премьер-министр Такъоты Сергей бахаста фæндон иу сахат сæ инвалидты коляскæты фæдарын. Уымæй равдисынмæ хъавы, нæ горæты нырма инвалид адæмæн æмбæлгæ уавæртæ арæзт кæй нæма `рцыд, уый. Æргом аздахын хъæуы пандустæ саразыны хъуыддагмæ дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ базондзыстут не рмæгмæ бакæсгæйæ.

Багаты Оксанæйæн йæ дæсныйад райсынæн хъæуы дывæр хъарутæй архайын. Ахуыр хорз кæны, фæлæ йæ университетмæ æмæ фæстæмæ фæндаг рауайы зын. Оксанæ у инвалид. Алы райсом дæр ын йæ фыд æххуыс кæны. Чызджы фæнды аспирантурæмæ бацæуын. Ныртæккæ фидæны экономист фыссы дипломон куыст.

Багаты Оксанæ, ЦИПУ-йы студенткæ: «Раздæр фæнд кодтон псхологыл сахуыр кæнын. Фæлæ мын уыцы бæстыхаймæ зын цæуæн уыди, пандус дзы нæй, асинтыл дзы цæуын хъуыди. Æмæ уымæ гæсгæ равзæрстон экономикон факультет. Уырдæм мын æнцондæр цæуын у. Фæлæ ныр мæ равзæрст дæсныйадыл фæсмон нæ кæнын. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы».

Инвалиды коляскæйы чи бады, уыцы адæймагæн зын вæййы канд паддзахадон учрежденитæм бахауын нæ, фæлæ ма театртæм, афтектæм æмæ ма суанг хи хæдзæрттæм дæр. Пандустæ æппæт бæстыхæйтты æвæрд не `рцыдысты. Нормативтæм гæсгæ, пандус хъуамæ фараст сантиметрæй фылдæр къулгонд ма уа. Инвалид адæмы бартыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Куыд загъта, афтæмæй йæм ис фæндон, программæ «Доступная среда» царды рауадзын кæмæ хауы, уыцы бæрнон кусджыты иу сахат инвалидты коляскæты фæдарын. Уымæй равдисынмæ хъавы, нæ горæты нырма инвалид адæмæн æмбæлгæ уавæртæ арæзт кæй нæма `рцыд, уый. Инвалидты æппæтæй тынгдæр тыхсын кæны, горæты иу бæстыхай дæр сæ домæнтæн дзуапп кæй нæ дæтты, уый.

Такъоты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй æппæт ахсджиаг фарстатæ дæр снысан кодтой, æмæ сыл бакусдзысты æвæстиатæй. Цæттæ сты бæрнон кусджытæм æмæ инвалидтæм байхъусынмæ дæр. Æмбырды ма ныхас цыд, инвалид адæмæн куысты бынæттæ дæттыныл, стæй, æвзæр чи уыны, уыцы сывæллæттæн скъола саразыныл дæр. Абон 8 скъолайы цæттæ сты ахæм сабиты ахуыр кæнынмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта, ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан. Куыд загъта, афтæмæй программæ «Доступная среда» – мæ гæсгæ хъуамæ канд пандустæ арæзт ма цæуой, фæлæ ма цæттæ кæной хорз ахуыргæнджыты дæр. Такъоты Сергейы ныхæстæм гæсгæ хицауад цæттæ у инвалидтæн баххуыс кæныны тыххæй бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссынмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania