12 апреля 2018, 18:00
Цæгат Ирыстоны делегаци, йæ сæргъы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, афтæмæй, кусæг балцы уыд Хуссар Ирыстоны
Цхинвалы арæзт æрцыд, ирон адæмы национ-культурон рæзты экспертон къамисты фыццаг иумæйаг æмбырд.
Цæгат Ирыстоны делегаци, йæ сæргъы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, афтæмæй, кусæг балцы уыд Хуссар Ирыстоны.
Цхинвалы арæзт æрцыд, ирон адæмы национ-культурон рæзты экспертон къамисты фыццаг иумæйаг æмбырд. Фæстæдæр нæ республикæйы премьер-министр фембæлд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимæ æмæ хицауады сæрдар Пухаты Эриккимæ. Ныхас кодтой дыууæ республикæйы фæхæстæгдæр кæныны мадзæлттыл, æмæ сæ иумæйаг рæзтыл. Бибылты Анатолий загъта, уыцы куыст кæй хъæуы сног кæнын. Тускъаты Таймураз та бафиппайдта, нæ зындгонд ахуыргæндтæ æмæ фыдæлтæ нын кæй ныууагътой бирæ наукон хæзнатæ, æмæ сæ хъæуы ахадгæйæ пайда кæнын. Йе взаг æмæ традицитæ бахъахъхъæнын цы адæмыхаттæн æнтысы, уымæн ис рæсугъд æмæ рухс фидæн. Дыууæвæрсыг фембæлды ма бæрнон кусджытæ снысан кодтой сæ иумæйаг куысты сæйрагдæр пълан. Стыр æргом ма аздæхтой Ирыстоны социалон-экономикон рæзтмæ дæр. Бæлвырддæр та хъæуы, Хуссар Ирыстоны цы прдукци уадзынц, уый уæрæсейаг базарадмæ хæццæ кæнын.

темæмæ гæсгæ