18 апреля 2014, 13:58
Цæгат Ирыстоны делегаци кусæг балцы уыд Цæцæны республикæйы
Нациты хсæн ахастдзиндты фарстаты министр Фрайты Сослан æмæ Цæцæны республикæйы национ политикæйы, æддагон бастдзинæдты, мыхуыры æмæ информацийы министр Шаид
Нациты хсæн ахастдзиндты фарстаты министр Фрайты Сослан æмæ Цæцæны республикæйы национ политикæйы, æддагон бастдзинæдты, мыхуыры æмæ информацийы министр Шаид Жамалдаев бафыстой Паддзахадон ницон политикæ æххæст кæныны тыххæй бадзырд. Ведомствæты разамонджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ацы хъуыддаг ахъаз уыдзæн дыууæ республикæйы ахастдзинæдтæ фæхуыздæр кæнынæн. Бадзырды руаджы дыууæ министрадæн уыдзæн фадат иумæйаг куыст кæнынæн нациты æмæ конфесситы фарстаты фæдыл. Уыимæ ма иумæ архайдзысты экстремизмы ныхмæ тох кæныныл, кусдзысты сæ фæсарæйнаг æмзæххонтимæ дæр. Ахæм бадзырд ма Цæгат Ирыстон бафыста Дагестанимæ. Ацы куыст кæндзысты Цæгат-Кавказы федералон зылды иннæ респуликæтимæ дæр.
темæмæ гæсгæ




