филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:33 вторник, 16 декабря 2025
05 февраля 2014, 17:15
Цæгат Ирыстоны экстремизмы æмæ терроризмы фарстатæм цæст дардзæн хицæн структурæ

Ахæм хъæппæрис абон конференцийы рахастой пысылмæтты управленийы минæвæрттæ. Фембæлды архайдтой алы динты кусджытæ, æхсæнады æмæ республикæйы разамынды уæнгтæ. Ныхас кодтой, Цæгат Ирыстоны сабырдзинад бахъахъхъæныныл иумæйаг бацархайын кæй хъæуы, ууыл.

Цæгат Ирыстоны экстремизмы æмæ терроризмы фарстатæм цæст дардзæн хицæн структурæ.

Ахæм хъæппæрис абон конференцийы рахастой пысылмæтты управленийы минæвæрттæ. Фембæлды архайдтой алы динты кусджытæ, æхсæнады æмæ республикæйы разамынды уæнгтæ. Ныхас кодтой, Цæгат Ирыстоны сабырдзинад бахъахъхъæныныл иумæйаг бацархайын кæй хъæуы, ууыл. Йæ доклады муфтий Гуæцæлты Хадзымурат радзырдта, республикæйы экстремизмы профилактикæйы тыххæй бирæ мадзæлттæ арæзт кæй цæуы, фæлæ се `ппæт ахадгæ кæй не сты, уый тыххæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы фарстайы, дины, æхсæнады æмæ паддзахадон уагдæттæ хъуамæ кусой иумæйаг системæмæ гæсгæ.

Мырыкаты Берд, Рахизфарсы районы пысылмæтты æхсæнады минæвар: «Тынг фыдбылызтæ цæуы, æмæ цæмæй нæ хæдзæртты, нæ республикæйы ма æрцæуа, уый тыххæй æмбырдтæ вæййы. Уыцы бæллæх Ирыстонмæ куыд нæ æрцæуа, ууыл архайæм. Ацы конференциты æрæмбырд вæййæм, кæрæдзийы фенæм. Алы адæмыхæттытæ цæры ам Ирыстоны, алкæмæдæр ис йæ цæстæнгас. Нæ зонд иу у. Архайæм, цæмæй иумæ сæмбæлæм, æмæ уыцы фæзындæн ныхкъуырд радтæм. Мах хæдзæртты куыд нæ æрцæуа, уымæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania