Бæрæг кæнынц, домæнтæ чи халы, æмæ сæ машинæтыл тар æвгтæ чи бакæны, ахæм шофырты.
16-æмæй – 22-æм апрельмæ Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл æдасæй цæуыны
паддзахадон инспекортæ арæзынц рейдтæ. Бæрæг кæнынц, домæнтæ чи халы, æмæ сæ
машинæтыл тар æвгтæ чи бакæны, ахæм шофырты. Уыцы хъуыддаг цæхгæр æвæрд у,
æдасдзинады техникон регламенты ныхмæ. Рейдтæ ма нысан кæнынц, фæндаггон
фыдбылызтæ арæхдæр кæм æрцæуынц, уыцы уаццæгты скæнын. Ахæм мадзæлтты нысан у –
нæ республикæйы авариты нымæц фæкъаддæр кæнын, æмæ транспорты хуызтæ æмбæлгæ
уагыл дарын. Паддзахадон автоинспектортæ рейдты пайда кæнынц сæрмагонд
кусæнгæрзтæй. Уыдоны фæрцы закъонхæлдтытæ бæрæггнод цæуынц æнцондæрæй. Уæ
зæрдыл уын лæууын кæнæм, Уæрæсейы закъонмæ гæсгæ машинæты æвгтæ фарсырдыгæй 70
процентæй ныллæгдæр тар кæнæн нæй. Дымгæйы ныхмæ авг та 75%. Фæткхалджытæн
фидынæ кæндзысты ивар.




