филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:47 среда, 17 декабря 2025
08 февраля 2018, 12:20
Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы кусджытæ архайдтой гом урок ««Внимание, юный пешеход»-ы

Æвзонг инспектортæ йæ сарæзтой кæстæр кълæсты ахуырдзаутæн. Æххуыс сын кодтой аргъæутты хъайтар Баба-Яга. Радзырдтой сын куыд ахсджиаг у фæндæгтыл цæуыны æгъдæуттæ ма халын, фæндагыл цæугæйæ хи дарын куыд хъæуы, уыдæттæ.

Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы кусджытæ архайдтой гом урок ««Внимание, юный пешеход»-ы
Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы кусджытæ архайдтой гом урок ««Внимание, юный пешеход»-ы. Арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы 6-æм скъолайы.
Æвзонг инспектортæ йæ сарæзтой кæстæр кълæсты ахуырдзаутæн. Æххуыс сын кодтой аргъæутты хъайтар Баба-Яга. Радзырдтой сын куыд ахсджиаг у фæндæгтыл цæуыны æгъдæуттæ ма халын, фæндагыл цæугæйæ хи дарын куыд хъæуы, уыдæттæ. Сывæллæттæ базыдтой бирæ ногдзинæдтæ. Сæ зæрдыл æрлæууын кодтой светофоры цырæгъты хуызты нысаниуæг. Хъазты хуызы сын бацамыдтой машинæтæ кæм фæцæуынц уыцы фæндæгтыл хи дарын куыд хъæуы, хæстæг сæм хъазын кæй не мбæлы, йæ сæрты æрмæстдæр сæрмагонд бынæтты кæй ис хизæн. Гом урок ахæццæ кодтой уынгмæ рацæугæйæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania