11 июня 2014, 18:49
Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Бæройты Хасанæн абон уыд пресс-конференци
Журналисттимæ фембæлды министр ныхас кодта спорты ног хуызты райрæзтыл, ног арæзтадтыл, фидæнмæ нысантыл. Бæройты Хасан куыд загъта, афтæ нысангонд куысты пъланмæ хаст цæудзысты ивддзинæдтæ.
Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Бæройты Хасанæн абон уыд пресс-конференци.
Журналисттимæ фембæлды министр ныхас кодта спорты ног хуызты райрæзтыл, ног арæзтадтыл, фидæнмæ нысантыл. Бæройты Хасан куыд загъта, афтæ нысангонд куысты пъланмæ хаст цæудзысты ивддзинæдтæ. Уый та фæзындзæн ног спортивон комплексты арæзтадыл. Æхсызгон уый у, æмæ хæстæгдæр рæстæг эксплуатацимæ ратдзысты ног спортивон комплекс Алагиры. Спортивон комплекстæ аразын райдайдзысты Мæздæджы, Кировы районы æмæ Заводскойы поселочы дæр.
Уымæй уæлдай ма министр баныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы ленк кæныны федерациимæ, цæмæй Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæуа нырыккон комплекс аив ленк кæныны секциимæ.

темæмæ гæсгæ