04 марта 2013, 16:57
Цæгат Ирыстоны фæзынд бизнес-омбудсмен
Йæ хæс у-амалхъомдзинады райрæзтæн цы къуылымпыдзинæдтæ ис, уыдон аиуварс кæнынæн æххуыс кæнын.
Цæгат Ирыстоны фæзынд бизнес-омбудсмен. Йæ хæс у-амалхъомдзинады райрæзтæн цы къуылымпыдзинæдтæ ис, уыдон аиуварс кæнынæн æххуыс кæнын.
Мамсыраты Таймуразы уынаффæмæ гæсгæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг æххæстбарджын минæварæй нысангонд æрцыд Медойты Тимур.
Медойты Тимур у æхсæнадон палатæйы уæнг, барадхъахъхъæнæг организаци «Фемида»-йы разамонæг.
Бизнес-омбудсмены хæстæ та æххæст кæндзæн æхсæнадон куысты хуызы.
Хæстæгдæр рæстæг, Федералон закъонмæ республикæйы парламент куы æркæса, уæд бæлвырдгонд æрцæудзысты йæ бартæ. Йæ сæйрагдæр куыст та у амалхъом адæмы æмæ хицаудзинады оргæнты `хсæн быцæутæ аиуварс кæнын, амалхъом адæмы бартæ æнæ тæрхондæтты уынаффæтæй хъахъхъæнын.
темæмæ гæсгæ