филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:38 пятница, 17 мая 2024
27 марта 2013, 17:09
Цæгат Ирыстоны фæзынд хуыты африкæйаг емынæ

Уый тыххæй абон республикæйы хицауадæн уыди æвæстиаты æмбырд.
Ветеринарон управленийы разамонæг Хъороты Тамерланы информаци мæнг нæ разынд. Инфекци ссардтой Æрыдоны районы – Нартыхъæуы, Алагиры районы та – Рæмонтыхъæуы.

Цæгат Ирыстоны фæзынд хуыты африкæйаг емынæ. Уый тыххæй абон республикæйы хицауадæн уыди æвæстиаты æмбырд.

Ветеринарон управленийы разамонæг Хъороты Тамерланы информаци мæнг нæ разынд. Инфекци ссардтой Æрыдоны районы – Нартыхъæуы, Алагиры районы та – Рæмонтыхъæуы. Африкæйаг емынæ раиртæстой хи хæдзарæдты. Сæ фосы нымæц дзæвгар фæкъаддæр. Хицауады сæрдар Такъоты Сергей бæрнон адæмæн бахæс кодта, цæмæй низ ма апарахат уа, ууыл бацархайын. Республикæйы цæрджытæй та курынц, цæмæй æнæ санитарон-ветеринарон гæххæттытæй дзидза ма æлхæной. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусы комкоммæ бастдзинады телефон 39-99-99. Рынчын фосы тыххæй специалисттæм фехъусын кæнæн ис уыцы телефонæй.

Ирыстоны ма ахæм хъуыддаг уыди 2008-æм – 2009-æм азты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania