филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:26 воскресенье, 29 сентября 2024
11 января 2013, 09:14
Цæгат Ирыстоны фæзындзысты æвæстиат медицинон æххуысы уæлæмхасæн къордтæ

Уыцы ногдзинад фæзындзæн тагъдæххуысы станцæйы куыстыл.

Уыцы ногдзинад фæзындзæн тагъдæххуысы станцæйы куыстыл. Зындгонд куыд у, афтæмæй афойнадыл республикæйы цæрджытæн балæггад кæнын æдзух нæ бантысы. Адæмы бирæ æнхъæлмæ кæсын бахъæуы дохтыртæм.

Карсанаты Альбинæйæн цавæрдæр хос нæ фæбæззыд æмæ йе нæниздзинад фæцудыдта. Уымæ гæсгæ бадзырдта дохтыртæм. Тагъдæххуысы къорд æм æрбахæццæ цыбыр рæстæгмæ. Фæлæ арæх афтæ рауайы, æмæ иуæй-иу рынчынты анхъæлмæ кæсын бахъæуы цалдæр сахаты. Кæд нæ республикæйы æрвылбон 100 къорды кусы, уæддæр нæ фаг кæнынц, уымæн æмæ иу суткæмæ медицинон æххуыс бакæнын фæхъæуы 500 рынчынæн.

Тагъдæххуысы дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм арæх хуынджылæггæнгæйæ дæр æрбадзурынц. Иу азмæ ахæм мæнг рынчынтæм ацæуынц 200 хатты. Уыдон та сты уæлдай хæрдзтæ. Зæгъæм, сæ иу цыд у 1000 сомæй чысыл фылдæры аргъ.

Æвæстиат медицинон æххуысы къордты кусдзысты поликлиникæты æмæ амбулаториты дохтыртæ. Ахæм къордтæ нæ республикæйы фæзындзысты мартъийы. Æдæппæтæй уыдзысты 20.

Поликлиникæты дохтыртæ дæр цæттæ сты ахæм ивддзинæдтæм æмæ кусдзысты райсомæй изæрмæ. Кæдæм ацæуын хъæуы, уый сын хъусын кæндзысты тагъдæххуысы станцæйы диспетчертæ. Адæймагæн йæ уавæр уæззау куы нæ уа – сæрниз, бæрзонд кæнæ ныллæг туджы æлхъывдад, кæнæ йæ тæвд куы схиза, уæд æм æрбацæудзæн æвæстиат медицинон æххуысы къорд. Уыцы рæстæг та тагъдæххуысы къордæн йæ бон баххуыс кæнын уыдзæн, йæ цардæн тæссаг кæмæн у, ахæм рынчынæн.

Ахæм ивддзинæдтæ хорзырдæм фæзындзысты медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинадыл, зæгъынц дохтыртæ. Уымæн æмæ ногдзинады руаджы фæфылдæр уыдзæн тагъд æмæ æвæстиат æххуысы къордты нымæц. Цæгат Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Владимир Селиванов куыд загъта, афтæмæй ног куысты фæткмæ рахиздзысты уалдзæджы.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania