филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:15 воскресенье, 29 сентября 2024
22 января 2013, 18:40
Цæгат Ирыстоны фарон фыдракæндты нымæц фæкъаддæр 5%

Цæгат Ирыстоны фарон фыдракæндты нымæц фæкъаддæр 5%. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы прокуратурæйы уæрæхгонд æмбырды. Архайдта дзы Уæрæсейы генералон прокуроры хæдивæг Хуссар Федералон зылды Иван Сыдорук. Докладимæ раныхас кодта Цæгат Ирыстоны прокурор Владимир Векшин.

Цæгат Ирыстоны фарон фыдракæндты нымæц фæкъаддæр 5%. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы прокуратурæйы уæрæхгонд æмбырды.

Архайдта дзы Уæрæсейы генералон прокуроры хæдивæг Хуссар Федералон зылды Иван Сыдорук. Докладимæ раныхас кодта Цæгат Ирыстоны прокурор Владимир Векшин. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы фæкъаддæр сты лæгмæрдты, æнæниздзинадæн зианхæссæг хъуыддæгты, дæвтыты æмæ æндæр фыдракæндты нымæц. Ивгъуыд азы æргом здæхт æрцыд профилактикон куыстмæ. Æмтгæй райсгæйæ фыдракæнды нымæц фæкъаддæр, фæлæ фæфылдæр сты, закъон цалдæр хатты чи фехæлдта, ахæм фыдгæнджытæ. Уыимæ ма Цæгат Ирыстоны 29 хатты фæфылдæр мызды хæс æмæ ныр у 45 милуан сомы. Иван Сыдорук ма куыд загъта, афтæмæй стыр æргом аздахын хъæуы куыстуаты архайды ахадындзинадмæ. Уымæн æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды регионты бæрæггонд æрцыд, фыдракæндты нымæц кæй фæфылдæр, уый.

Елхъанты Зæлинæ, РЦИ-Аланийы прокуроры æххуысгæнæджы хæстæ æххæстгæнæг дзыллон информацийы фæрæзтимæ æмæ æхсæнадимæ бастдзинæдты фарстаты: «Ивгъуыд аз республикæйы прокуратурæйы кусджытæ фылдæр æргом аздæхтой адæмы конституцион, социалон æмæ экономикон бартæ хъахъхъæнынмæ. Уымæй уæлдай æргом здæхт æрцыд амалхъом адæмы æмæ куыстуæтты гæнæнтæ хъахъхъæнынмæ. Прокуратурæ тох кодта терроризмы, экстремизмы архайды ныхмæ, коррупцийы ныхмæ. Прокуратурæйы куысты ахсджиаг уыд сабиты бартæ хъахъхъæныны фарста дæр. Прокуратурæйы кусджытæ бæрæг кодтой, федералон закъæттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania