17 адæймаджы дзы амард. Ацы статистикæйыл ныхас цыди æнæнхъæлæджы цаутæм цæстдарды хицауадон къамисы фæстаг æмбырды. Районты сæргълæуджытæн бахæс кодтой
Бруты цалдæр боны размæ ацы хæдзары газы хауæтдзæгтæй амард 31 аздзыд хæдзары хицау. Æртæ азы дæр кæуыл нæма цæуы, ахæм сывæллоны та аластой сывæллæтты республикон рынчындонмæ. Ныртæккæ йæ уавæр у….. æппæт фыдбылызты аххоссаг у хиконд пец, хорз конд нæ уыди æмæ дзы газ кæцæйдæр цыди.
Адырхаты Тимур – Рахизфарсы районы филиалы деректор: «Пец æдасдзинады домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдта. Винтиляци дзы æппындæр нæ уыди. Фæздæг кæцæй цæуы, уый дæр раст конд нæ уыди. Æмæ уыцы аиппытæ æрцыдысты ахæм æвзæр хъуыддагмæ».
Цæгат Ирыстоны фарон хыгъд æрцыди газы хауæтдзæгтæй кæм фæхъæстæ сты, ахæм 30 цауы. 17 адæймаджы дзы амард. Ацы статистикæйыл ныхас цыди æнæнхъæлæджы цаутæм цæстдарды хицауадон къамисы фæстаг æмбырды. Районты сæргълæуджытæн бахæс кодтой æмбарынгæнæн куыст кæнын. Цæмæй адæм къæрцхъусдæр уой, уый тыххæй.
Бæрнон адæм фæнд кæнынц, ацы фарстайыл биноныгдæрæй бакусын. Уымæн æмæ нырмæ цы куыст кодтой, уый фаг нæу. Не сфæлдыстадон къордæн Бруты цæрджытæ куыд загътой, афтæмæй сын никуы ничи æмбарын кодта, газы хауæтдзæгтæй хи куыд хъахъхъæнын хъæуы, уый.
«Уый тыххæй нæм никуы ничи æрбацыд. Адæмимæ æмбарынгæнæн куыст ничи кæны. нæхæдæг зоныæм æмæ нæхи хъахъхъæнæм, фæлæ иуæй-иу хатт ахæм хъуыддæгтæ дæр æрцæуы».
«Алы хæдзармæ дæр куыд хъуамæ цæуой, æмæ йæ алкæмæн хицæнæй куыд дзурой. Сывæллæтты хуызæн. Газеты йæ фыссынц».
Бруты ахæм цау куы æрцыди, уæд æй æнæрхъуыдыйæ нæ ныууагътой сыхаг районы. Горæтгæрон районы бынæттон æнæнхъæлæджы цаутæм цæстдарды службæ Октябрыхъæуы цæрджытимæ скодта профилактикон куыст.
Зылдысты хæдзæрттыл æмæ лæвæрдтой хъармгæнæн прибортæй æдасæй куыд пайда кæнын хъæуы, ахæм текстимæ ахæм зæрдылдарæн нысантæ. Зымæджы зынгсирвæзтытæй æмæ газы хауæтдзæгтæй фæхъæстæ уæвынæй вæййы уæлдай тæссагдæр.
Дзебысаты Жаннæ, Горæтгæрон районы æнæнхъæлæджы цаутæм цæстдарды службæйы хицауы хæдивæг: «Хъуамæ алчидæр лæмбынæгæй кæса фæздæг кæцæй цæуы, уый куыд æвæрд у, уымæ. Раст куы нæ вæййы, уæд свæййы зынгсирвæзты аххоссаг. Пец специалист куы нæ сараза, уæд æдасдзинады домæнтæн фылдæр хатт дзуапп нæ фæдæтты, газы хауæтдзæгтæн сæ бон цæуын у суанг сыхæгтæм дæр. Æмæ уæд æрцæуынц фыдбылызтæ».
Цæрæнуæтты уæлдæф сыгъдæггæнæн каналты уавæрмæ цæст дарыныл ныхас цыди республикæйы газуарæг организациты разамонджыты сæрмагонд æмбырды. Бæрнон кусджытæ куыд загътой, афтæмæй бæлвырд кæндзысты хиконд газы кусæнгæрзтæ кæмæ ис, уыдоны. Домæнтæн дзуапп куы нæ дæттой, уæд сæ хицæуттæн лæвæрд цæудзæн рæстæг, цæмæй аиппытæ аиварс кæной, уый тыххæй. Куы нæ, уæд та дзуапп дæтдзысты æдминистративон æгъдауæй. Ацы хъуыддаджы фæдыл Рахизфарсы районмæ уыцы иу рæстæг ацыдысты аст къорды. Закъонхалджытæм æнхъæлмæ кæсы карз æфхæрд.




