филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:18 суббота, 21 сентября 2024
29 октября 2012, 15:11
Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон цæстдарды службæйы ацыд сæ æхсæнадон советы иумæйаг æмбырд

Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæйы ацыд коллегийы æмæ сæ æхсæнадон советы иумæйаг æмбырд. Ныхас цыд куыстуаты архайды 9 мæйы хатдзæгтыл.

Федералон бюджетæй æхца чи исы

Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон
цæстдарды федералон службæйы ацыд коллегийы æмæ сæ æхсæнадон советы
иумæйаг æмбырд. Ныхас цыд куыстуаты архайды 9 мæйы хатдзæгтыл.

Федералон бюджетæй æхца чи исы, ахæм кусæндæтты ацы азы 9 мæймæ
финансон-бюджетон цæстдарды территориалон управлени сарæзтой 97
ревизийы. Къазнайы фæрæзтæ хардз кæныны уагæвæрд хæлд кæм æрцыд, ахæм
цаутæ раиртæстой 67 ревизийы фæрцы. Фаронимæ абаргæйæ, уый у фылдæр.
Иумæйагæй сбæрæг кодтой 17миллиарды æмæ 222 милуан сомæй фылдæр. Сæ
нысанмæ гæсгæ кæй не схардз кодтой, уыцы æхцайы бæрц у 4,5 милуан сомы,
æнæпайдайæ кæй схардз кодтой, уыцы фæрæзтæ та сты 303 милуан сомæй
фылдæр. Ис æндæр уагвæрæд халæн митæ дæр. Уымæ гæсгæ Управленийы
разамонæг Баскаты Станислав йе ‘ргом фылдæр аздæхта куыст фæхуыздæр
кæныны фарстатæм.

Баскаты Станислав, РЦИ-Аланийы
финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæйы разамонæг: «Уырны нæ, ног
азы нæ куыст кæй фæхуыздæр уыдзæн. Федералон Хицауад ныртæккæ кусы
закъонадмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Уыцы ивддзинæдтæ, æнæмæнгæй, фæахъаз
уыдзысты, цæмæй бынæтты куыст фæхуыздæр уа».

Хицæн хайæдты разамонджытæ сæ раныхасы
куыд бафиппайдтой, афтæмæй бирæ ведомствотæ, зæгъæм, фæллой æмæ социалон
рæзты министрад, архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министрад
азæй-азмæ хуыздæр кæнынц сæ бæрæггæнæнтæ, ома бюджетон фæрæзтæ хардз
кæныны закъонад нæ халынц. Уыимæ бирæ фарстатæ ис Националон проекттæ
æххæст кæныны. Æмæ уыдонмæ уыдзæн фылдæр æргомздæхт.

Хъæстуаты Руслан – РЦИ-Аланийы
финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæйы æхсæнадон советы уæнг:
«Лæмбынæгæй дзырдтой сæ куыстыл. Бирæ уыд, сæ зæрдæмæ чи нæ цыд, ахæм
хъуыддæгтæ, æркастыстæм сæм. Æвæццæгæн, сæ пълантæ дæр аивдзысты. Сæ
хицау Баскаты Станислав куыд загъта, афтæмæй стыр къæпхæн сæвæрдтой сæ
куысты. Бирæ аразынц, социалон-экономикон рæзт размæ куыд цæуа, уымæн. У
профилактикон куыст. Паддзахады хардзæй цы сом сæвæрой, уый хъуамæ
пайда хæсса адæмæн, æмæ уый мæ зæрдæмæ фæцыд».

Æмбырды кæронбæттæны Баскаты Станислав
схорзæхджын кодта, фылдæр æнтыстдзинæдтæ кæмæ уыд, æмæ æхсæнадон царды
ахадгæйæ чи архайы, уыцы кусджыты.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania