филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:34 воскресенье, 19 мая 2024
19 декабря 2013, 11:19
Цæгат Ирыстоны физио-терапевтон рынчындон сбæрæг кодта йæ 90 азы

Медицинон академийы залы ацыдысты бæрæгбоны мадзæлттæ. Уазджытæн раарфæ кодттой республикæйы хицауады æмæ парламенты минæвæрттæ. Бынæттон сфæлдыстадон къордтæ та сын бацæттæ кодтой концертон номертæ.

Медицинон академийы залы ацыдысты бæрæгбоны мадзæлттæ. Уазджытæн раарфæ кодттой республикæйы хицауады æмæ парламенты минæвæрттæ. Бынæттон сфæлдыстадон къордтæ та сын бацæттæ кодтой концертон номертæ. Рынчындоны дохтыртæн сæ юбилейы фæдыл раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Йæ арфæйы фыстæг ын бакасти хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей. Дзæуджыхъæуы физио-терапевтон рынчындон Уæрæсейы нымад у хуыздæртæй иуыл. Цæгат Кавказы йын æмбал нæй. Ис дзы фæлтæрдджын дохтыртæ. Æрæджы йæ сифтонг кодтой нырыккон медицинон кусæнгæрзтæй.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania