30 июля 2018, 18:10
Цæгат Ирыстоны фосдарынады фæндаггон картæ хорзыл банымадтой республикæйы рæзты Агентады проектон офисы
Министрадты æмæ ведомствоты радон æмбырдæн разамынд лæвæрдта республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав.
Цæгат Ирыстоны фосдарынады фæндаггон картæ хорзыл банымадтой республикæйы рæзты Агентады проектон офисы.
Министрадты æмæ ведомствоты радон æмбырдæн разамынд лæвæрдта республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав. Программæ царды рауадзынæн спайда кæнын хъæудзæн Алагиры, Горæтгæрон æмæ Æрæфы районты зæххытæй. Хизæнуæтты иумæйаг фæзуат у 20 мин гектары. Уымæй дарддæр 8 мин гектары нысан кæнынц хосгæрдæнтæн радих кæнын. Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрад уал сбæрæг кодта, программæйы чи архайдзæн, уыцы фермерты номхыгъд. 5 азы иумæйаг бюджет у 308 милуан сомы. Арæзт у федералон æмæ регионалон бюджеттæй, стæй фермертæн сæхи фæрæзтæй. 2019-æм азы уал нысан кæнынц 61 милуан сомы схардз кæнын. Æмбырды архайджытæ ма сфидар кодтой фидæны азы программæйы бюджет, фæлæ ма йæм уыдзæн ивддзинæдтæ бахæссын. Нысан ма кæнынц кусæг къорд саразын дæр. Æмбырды ма бæстон æрныхас кодтой нæ регионы райрæзты тыххæй æндæр программæтыл дæр. Стыр æргом аздахдзысты æнæниздзинадхъахъхъæнынадмæ, ахуырадмæ, туризмы рæзтмæ.
темæмæ гæсгæ




