27 февраля 2014, 11:23
Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдис Ногиры культурæйы хæдзары кад кодта фыссæг, публицист, педагог æмæ журналист Соттиты Риммæйæн
Изæр уыди юбилейон. Риммæйæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Ирыстоны сфæлдыстадон интеллигенци, скъоладзаутæ, стæй йын йе сфæлдыстадыл иузæрдион чи у, уыдон. Соттиты Риммæ
Изæр уыди юбилейон. Риммæйæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Ирыстоны сфæлдыстадон интеллигенци, скъоладзаутæ, стæй йын йе сфæлдыстадыл иузæрдион чи у, уыдон. Соттиты Риммæ фыссы алы жанрты: ирдæй æвдисы æрдзы рæсугъддзинад, адæймаджы бæрзонд удыхъæд, Фыдыбæстæмæ уарзондзинад. Фыссæг йæ курдиатæй лæггад кæны йæ райгуырæн бæстæйæн. Ирон чиныгкæсджытæн та хæссы циндзинад. Риммæйæн уалдай æхсызгондæр уыди, йæ изæрмæ фæсивæд кæй æрбацыдысты, уый. Сæ фæрстытæн сын лæвæрдта бæстон дзуæппытæ.
Фыссæджы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц Æмбалты Цоцкойы цард æмæ сфæлдыстад. Риммæйы руаджы Ирыстоны цæрджытæй бирæтæ базыдтой Цоцкойы сгуыхтдзинæдтæ. Æмæ канд уый нæ, йе `рмдзæфы хицæндзинæдтæн ын стыр аргъ кæнынц чиныгкæсджытæ. Йæхæдæг та йе стырдæр хæсыл нымайы литературæуарзджытæн удуæлдай лæггад кæнын.
темæмæ гæсгæ




