Адæмы бартæ хъахъхъæныны боны кадæн æмæ, репресситы рæстæг æнаххосæй чи фесæфт, уыдоны нæмттæ æрымысынæн абон Дзæуджыхъæуы ацыд наукон-практикон конференци.
Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социологон иртæстыты институты
Адæмы бартæ хъахъхъæныны боны кадæн æмæ,
репресситы рæстæг æнаххосæй чи фесæфт, уыдоны нæмттæ æрымысынæн абон
Дзæуджыхъæуы ацыд наукон-практикон конференци.
Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ
социологон иртæстыты институты æрæмбырд сты хицауады уæнгтæ,
ахуыргæндтæ, политикон æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ,
репрессигонд чи ‘рцыд, уыдоны хæстæджытæ, дины кусджытæ æмæ æрыгæттæ.
Форумы архайджытæ ныхас кодтой историон цауты рæдыдтытыл æмæ царды
æцæгдзинадыл. Советон Цæдисы репресситæ куы райдыдой, уæдæй нырмæ рацыд
75 азы. Уæд нæ бæстæйы сæ амæттаг баисты 2 милуан адæймагмæ ввахс.
Уыдоны хсæн цæгатирыстойнæгтæ дæр. Хъыгдард баййæфтой 25 мин адæмаджы.
Уыдонæй фехстой 1650-йы. Абон дæр сæ ном рох нæу æхсæнадæй.
Хъайтыхъты Тамара, Дзæуджыхъæуы
администрацийы æхсæнадон æмæ æддагон бастдзинæдты хайады хицауы хæдивæг:
«Мæнæ ацы ассоциацийы сæргъы лæууы Зураты Ауызби, æмæ уыцы адæймаг,
Ирыстоны ахæм бинонтæ нал ис, ахæм адæймаг нæ, репресситæм чи бахауд,
æмæ Ауызби кæй не сбæрæг кодта. 6 чиныджы рауагъта, æмæ йын абон
махзæгъæм стыр бузныг. Зæгъын ма мæ фæнды уый, æмæ мах – администрацийы
чи кусы, нæ Хацауады, Парламенты, иууылдæр хъуамæ кусæм ууыл, æмæ
адæмаджы бартæ чи хъахъхъæны, уыдон цæмæй дзæбæх кусой».




