филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:21 вторник, 16 декабря 2025
07 марта 2014, 11:13
Цæгат Ирыстоны хъæбæр нозт уадзыны хъуыддаг раргом кæнын хъæуы

Закъонмæ гæсгæ цы куыстуæттæ архайынц, уыдоны продукцийы рауагъд та фæфылдæр кæнын. Республикæйы уымæн ис хорз гæнæнтæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы

Цæгат Ирыстоны хъæбæр нозт уадзыны хъуыддаг раргом кæнын хъæуы
Закъонмæ гæсгæ цы куыстуæттæ архайынц, уыдоны продукцийы рауагъд та фæфылдæр кæнын. Республикæйы уымæн ис хорз гæнæнтæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы æххæстбарджын минæвары Цæгат Кавказы Федералон зылды хæдивæг Одес Байсултанов. Ирыстоны йæ кусæг балц райдыдта куыстуат «РоРо»-йæ. Къамисы уæнгтæ базонгæ сты сæ архайдимæ.

«РоРо» Цæгат Ирыстоны у хъæбæр нозты продукци уадзынмæ лицензи кæмæ ис, уыцы 10 куыстуатæй иу. Уый тыххæй æмбырды загъта республикæйы Хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Архайдтой дзы Цæгат Кавказы Федералон зылды арахъхъуадзыны хъуыддаг нывыл кæныны управленийы минæвæрттæ, республикæйы Хицауады сæрдары хæдивджытæ æмæ ведомствæты разамонджытæ.

Одес Байсултанов куыд загъта, афтæмæй хъæуы æнæ акцизтæй продукции чи уадзы, уыдоны куыст бауромын. Уый тыххæй хъуамæ бæрнон структурæтимæ куыст цæуа æнгомдæр. Спъиртуадзæн 13 куыстуатæн цалдæр азы сæ бон нæу лицензитæ райсын. Ацы фарста дæр хъуамæ лыггонд æрцæуа хæстæгдæр рæстæг.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania