филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:57 вторник, 14 мая 2024
21 февраля 2013, 17:07
Цæгат Ирыстоны хицауады хæдзары абон пресс-конференци уыди нæ республикæйы æнæнхъæлæджы цауты министр Александр Хоружийæн

Уый дзуапп радта журналистты æмæ интернетæй пайдагæнджыты фæрстытæн. Радзырдта министрады куысты тыххæй.

Цæгат Ирыстоны хицауады хæдзары абон пресс-конференци уыди нæ республикæйы æнæнхъæлæджы цауты министр Александр Хоружийæн.

Уый дзуапп радта журналистты æмæ интернетæй пайдагæнджыты фæрстытæн. Радзырдта министрады куысты тыххæй.

Министр куыд загъта, афтæмæй 2012-æм азы къаддæр уыди æнæнхъæлæджы цаутæ æмæ зынгсирвæзтытæ, стæй доны аныгъуылыны аххосæй фыдбылызтæ. Журналистты базонын фæндыд, республикæйы фæлладуадзæн бынæтты æдасдзинады фарста. Куыстуаты сæргълæууæг загъта, цæстдард сæм кæй ис, уый. Уымæй уæлдай, ныхас цыд Хъолайы цъитийы уавæрыл, æмæ «Æдас республикæ»-йы проекты æнæнхъæлæджы цауты министрады архайдыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania