филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:41 четверг, 02 мая 2024
04 марта 2013, 16:48
Цæгат Ирыстоны хицауады къамисы уынаффæмæ гæсгæ абон 7 сахаты æмæ 30 минутыл æхгæд æрцыд Уæллаг Ларсы фæндаг

Ахæм уынаффæ хаст æрцыд, Гурдзыстоны мит кæй æруарыд æмæ боныхъæд кæй февзæрдæр, уымæ гæсгæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй дзы ныр дæр уары мит.

Цæгат Ирыстоны хицауады къамисы уынаффæмæ гæсгæ абон 7 сахаты æмæ 30 минутыл æхгæд æрцыд Уæллаг Ларсы фæндаг.

Ахæм уынаффæ хаст æрцыд, Гурдзыстоны мит кæй æруарыд æмæ боныхъæд кæй февзæрдæр, уымæ гæсгæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй дзы ныр дæр уары мит.

Фæндагыл сæмбырд бирæ транспорт: рог æмæ уæзласæн машинæтæ, бæлцæттæ ласæн автобустæ. Уæрæсейы, Гуырдзыстоны, Сомихы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц, уавæр кæд фæхуыздæр уыдзæн, уымæ.

Рад дзы хæссынц æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ. Фæндаджы 35-æм километрыл байгом кодтой хъармгæнæн пункт.

Машинæтæн дзы цæуыны бар нæ уыдзæн, цалынмæ сæрмагонд уынаффæ хаст не рцæуа, уæдмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania