17 апреля 2013, 17:10
Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Такъоты Сергей фембæлд «Газпром Межрегионгаз Пятигорскы» генералон директор Аркадий Деревянкоимæ
Дыууæ сæдæ фæндзай милуан сомы дарынц республикæйы цæрджытæ газæн ивгъуыд азы хъармгæнæн сезонæн.
Дыууæ сæдæ фæндзай милуан сомы дарынц республикæйы цæрджытæ газæн ивгъуыд азы хъармгæнæн сезонæн.
Абон Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Такъоты Сергей фембæлд «Газпром Межрегионгаз Пятигорскы» генералон директор Аркадий Деревянкоимæ. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй стыр хæс дары республикæйы хъармдæттæг куыстуат. Уавæры сæйрагдæр аххосаг у – кусæнгæрзтæ кæй базæронд сты, уый. Æмбырды ныхас цыд куыстуаты хæс хайгай бафидыныл. Премьер куыд загъта, афтæмæй хъæуы аххосджынты сбæрæг кæнын æмæ æмбæлгæ мадзæлттæ саразын. Уымæй дарддæр æрдзырдтой фидæны хæрдзтæ фæкъаддæр кæныныл æмæ, республикæмæ цы газ цæуы, уый хæрзхъæддзинадыл.
темæмæ гæсгæ