Райсомæй раджы бабæрæг кодта радиопрограммæ «Дæ райсом хорз, Ирыстон». Комкоммæ æфиры ныхас кодта Черчесты Зæринæимæ. Фарстатæ алыхуызон. Радиомæхъусджытæн æнæсусæгæй

Куыд æй схъæр кодта, афтæмæй йæ гуырæн бон фæбæрæг кæны æрмæстдæр йæ бинонтимæ, уарзы классикон музыкæ æмæ уырыссаг рок, йæхæдæг дæр æвзæр нæ цæгъды фортепьянойæ. Æргомæй радзырдта интернеты йын цы блог ис, уый тыххæй, стæй 3 сывæллоны куыд хъомыл кæны, уый тыххæй. Куыд зæгъы, афтæмæй йын рæстæг нæ фаг кæны, фæлæ архайы цæмæй алцæуылдæр æххæсса.
Хицæн нахас рауад йæ паддзахадон куысты тыххæй. Цы рæстæг бакуыста, уыцы 2 азмæ республикæйы паддзахадон хæс фæкъаддæр 20%, фæфылдæр куыстуæтты продукцийы рауагъд.
Бæлвырд фарстайæн, республикæйы сæргълæууæг суыдзæн æви нæ, радта дзуапп – афтæ бæрзонд паддзахадон куыстмæ кæй нæ тырны, фылдæр аргъ кæй кæны хи сæрибардзинадæн.
Нæ басусæг кодта, фидæнмæ цы бæллицтæ æвæры, уыдоны тыххæй дæр.
