Фехъусын сын кодта Хъырымы цæрджыты уавæр æмæ загъта; «Кæд адæмы цардæн тæссаг нæу, уæддæр нæ хæс у зын сахат сæ цуры æрбалæууын». Нысангонд куыд у, афтæмæй райсом Дзæуджыхъæуы
Фехъусын сын кодта Хъырымы цæрджыты уавæр æмæ загъта; «Кæд адæмы цардæн тæссаг нæу, уæддæр нæ хæс у зын сахат сæ цуры æрбалæууын». Нысангонд куыд у, афтæмæй райсом Дзæуджыхъæуы, Дзерджинскийы уынджы æнæхъæлæджы уавæрты министрады цур лæудзæн 2 КАМазы, уырдæм барвæндонæй æрбаласæн ис ссад, сæкæр, кърупатæ, къалбас æмæ æндæр хойраджы продукци, стæй дон. Бæрæггонд куыд у, атæмæй 14-æм мартъийы Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæны цур Хъырымы цæрджыты фарс рахæцыны охыл арæзт æрцæудзæн митинг, уырдыгæй Гуманитарон æххуысы машинæтæ, тырысатæ æмæ лозунгтимæ «Дзæуджыхъæу – Хырымæн» аразт уыдзысты бынатмæ.




