25 июня 2014, 17:33
Цæгат Ирыстоны къазнайад бæрæг кæны йæ 20 азы юбилей
Йæ равзæрдæй абонмæ ведомствæйы кусджытæ кусынц республикæйы финансон æдасдзинадыл, архайынц цæмæй æхца афоныл æмæ æххæстæй хæццæ кæной æмбæлгæ организацитæм æмæ куыстуæттæм. 20 азмæ сын гыццыл нæ бантыст. Фæлæ ма бакусинаг фарстатæ дæр ис
Цæгат Ирыстоны къазнайад бæрæг кæны йæ 20 азы юбилей. Йæ равзæрдæй абонмæ ведомствæйы кусджытæ кусынц республикæйы финансон æдасдзинадыл, архайынц цæмæй æхца афоныл æмæ æххæстæй хæццæ кæной æмбæлгæ организацитæм æмæ куыстуæттæм. 20 азмæ сын гыццыл нæ бантыст. Фæлæ ма бакусинаг фарстатæ дæр ис. Абон управленийы бæрæгбоны номыл кадджын мадзалы хатдзæгтæ скодтой ивгъуыд куыстæн, радзырдтой сæ размæ цавæр ног, хуыздæр хъуыддæгтæ саразынын хæс æвæрынц, ууыл. Сæ профессионалон бæрæгбоны фыдыл сын раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Такъоты Сергей, республикæйы Парламенты сæрдар Алексей Мачнев, Дзæуджыхъæуы мэр Дзантиаты Сергей. Хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодтой кады гæххæтытæй.
Айларты Галинæ, УФ-йы федералон къазнайады Цæгат Ирыстоны управленийы разамонæг: «Ис республикæйы федералон «внебюджетные фонды», зæгъæ. Æмæ уыдонæн дæр сæ куыст баст æрцыди махимæ. Æмæ цыдæриддæр хъуыдис скæнын къазнайады номæй, уыдон иууылдæр нæ кусджытæ æхсæвæй-бонæй кусгæйæ, улæфæн бонты дæр сæ куысты уæлхъус уыдысты. Фæлæ цы хъуыд, цы нын бабар кодтой, уыдон иууылдæр афоныл конд æрцыдысты. Æмæ нæ куыст æххæст кæндзыстæм дарддæр дæр, закъон куыд амоны, уымæ гæсгæ».
темæмæ гæсгæ




