филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:45 понедельник, 08 июля 2024
29 августа 2014, 17:21
Цæгат Ирыстоны Кировы районы агурæн къорд «Харон» æмæ тæрхондæтты пъырыстыфты федералон службæйы иумæйаг агурæн архайад цæуы

Номарæн вахтæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы фæци, ууыл кæд 69 азы рацыд, уæддæр цы фæдтæ ныууагъта адæмы зæрдæты, уыдон абон дæр риссынц.

73979
Номарæн вахтæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы фæци, ууыл кæд 69 азы рацыд, уæддæр цы фæдтæ ныууагъта адæмы зæрдæты, уыдон абон дæр риссынц. Сæ æдзард æфсымæрты, хæстон æрдхæрдты мысынц канд хиуæттæ нæ, фæлæ кæстæр фæлтæртæ дæр. Цæмæй иунæг хæстоны ном дæр рох ма уа, ууыл архайы Цæгат Ирыстоны агурæн-сгарæн къорд «Харон». Ацы хатт тæрхондæтты пъырыстыфты федералон службæимæ иумæ кусынц Æрджынарæджы. Уæвгæ Кировы районы цы хæст цыди, уый абоны æфсæддонтæн нымад у тактикон æмæ стратегион дæнцæгыл.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Георгий Лапенко кæд йæхæдæг Елхоты хæстыты нæ архайдта, уæддæр æй хорз зоны, ам цы карз тохтæ цыдысты, уый. Цас туг дзы ныккалд, цал адæймаджы фæмард, хæстонты хъæбатырдзинад абон дæр се ппæты дисы æфтауы.
Ныртæккæ дзы цæуынц агурæн-сгарæн куыстытæ. Ардæм Георгий Лапенкойы æрбахуыдтой акци аразджытæ. Фæнды сæ, цæмæй кæстæртæн радзура ахæм мадзæлтты ахадындзинады тыххæй. Цæмæй кæстæртæ сæхæдæг уыной æмæ зонгæ кæной хæстон фæндæгтыл кæрæй-кæронмæ чы фæцыд, уыцы Уæлахизы салдæттимæ.
Акци «Номарæн вахтæ»-йы архайджытæ сæ размæ æвæрынц хæс – Фыдыбæстæ знагæй чи хъахъхъæдта æмæ чи фæмард, уыдонæй иуы ном дæр рох куыд нæ уа. Иунæг ингæн дæр æбæрæг куыд нæ уа. Уымæн æмæ сæ алчидæр у уый аккаг, цæмæй йæ ном æнустæм цæргæйæ баззайа.
Ацы фæзминаг хъуыддаджы цæгатирыстойнаг пъырыстыфты фарсмæ æрбалæууыдысты Дагестаны æмæ Стъараполы крайы пъырыстыфтæ. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй Фыдыбæстæйы Стыр хæст алкæйы зæрдæйы дæр арф риссаг фæд ныууагъта. Æмæ йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, йæхицæн тæригъæд нæ зонгæйæ, йæ хиуæтты ныууадзгæйæ Фыбæстæ æмæ адæмы хъахъхъæнынмæ чи ацыд – уыцы хæстонтæ сты стыр кады аккаг. Сгарæн куыстытæ кæм цæуынц, хæсты рæстæг уыцы ран уыд советон æфсæдты командæгæнджыты штаб. Немыцаг æфсæдтæ æппæт тыхтæй архайдтой сæ фесафыныл æмæ сæ фæндаг дарддæр акæныныл. Фæлæ сын сырхæфсæддонтæ цы ныхкъуырд радтой, уый историйы сыфтыл фыст æрцыд куыд карздæр тох, афтæ. Зæгъæн ис æмæ ардыгæй райдыдта фашистты дæрæнгæнæн фæндаг.
Акци «Номарæн вахтæ» Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы 2011-æм азæй фæстæмæ. Нысангонд фæткмæ гæсгæ хъуамæ цæуа 2015-æм азмæ. Фæлæ пъырыстыфтæ æмæ «Харон»-ы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ адæргъвæтин кæндзысты. Цалынмæ, Елхоты бынмæ чи фæмард, уыдонæй алчидæр кадимæ ныгæд не рцæуа, уæдмæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania