15 июля 2014, 11:19
Цæгат Ирыстоны командæйы сæйраг тренер ленк кæнынæй Игорь Бутякинæн бантыст уæлахиздзауты æмæ призерты командæ сæмбырд кæнын
Аст спортсменæй алчидæр тырны уæлахизмæ. Æмæ Æппæтуæрæсеон фæсивæдон спартакиадæйы цæгаткавказаг къæпхæны рамбылдтой сызгъæрин майдантæ. Сæ тренер куыд зæгъы, афтæмæй майдантæ æмбулын зындæр сси.
Аст спортсменæй алчидæр тырны уæлахизмæ. Æмæ Æппæтуæрæсеон фæсивæдон спартакиадæйы цæгаткавказаг къæпхæны рамбылдтой сызгъæрин майдантæ. Сæ тренер куыд зæгъы, афтæмæй майдантæ æмбулын зындæр сси. Уымæн æмæ ленк кæныны спорты хуыз парахат кæны нæ бæстæйы æппæт регионты дæр. Фæлæ уæддæр ацы ерысты нæ фæсивæд уыдысты хуыздæртыл нымад. Кæд сын тыхджын ныхмæлæуджытæ уыди, уæддæр бацархайдтой æппæт хъарутæй, цæмæй Цæгат Ирыстоны кад фæбæрзонддæр кæной, уый тыххæй. Æмæ сын бантыст. Ирыстойнаг ленкгæнджыты хыгъды ныр ис 11 сызгъæрин майданы. Уымæй уæлдай ма сæ къухы бафтыд 4 æвзисты æмæ 2 бронзæ майданы райсын дæр. Сызгъæрин Кубок та нæ командæйæн фадат дæтты августы Хъазаны Æппæтуæрæсеон Спартакиадæйы финалы архайынæн. Нæ командæ йæм йæхи цæттæ кæнын райдыдта рагацау. Алы бон дæр сын вæййы тренировкæтæ.
темæмæ гæсгæ




