филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:30 среда, 17 декабря 2025
26 февраля 2014, 17:25
Цæгат Ирыстоны культурæ ис æмбæлгæ æмвæзадыл

Уый тыххæй абон фидæны журналисттимæ фембæлды загъта культурæйы æмæ дзыллон коммуникациты министр Хæбæлаты Фатимæ.

Цæгат Ирыстоны культурæ ис æмбæлгæ æмвæзадыл. Уый тыххæй абон фидæны журналисттимæ фембæлды загъта культурæйы æмæ дзыллон коммуникациты министр Хæбæлаты Фатимæ.
 
Фембæлд арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахдон университеты журналистикæйы факультеты студентты хъæппæрисæй. Раныхас дзы кодта уæлдæр скъолайы президент Мæхæмæтты Ахуырбег. Бузныджы ныхæстæ загъта министрæн, ахæм ахадгæ куыст кæй кæнынц, уый тыххæй. Хæбæлаты Фатимæ куыд бафиппайдта, афтæмæй, Уæрæсейы президент ацы аз культурæйы азæй кæй снысан кодта, уый æвдисæг у культурæ æхсæнады ахсджиаг хай кæй у, уый. Ахæм фембæлдтытæ хъуамæ суой традицион, загътой абоны æмбырды.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania