30 января 2014, 11:04
Цæгат Ирыстоны культурон хæзнатæ куыд бахъахъхъæнæн ис, уый хъуамæ сбæрæг кæной республикæйы оргæнтæ
Уый тыххæй УФ-йы Федерацийы Советмæ закъоны проект бахаста Тотоонты Алыксандр. Куыд бафиппайдта, афтæмæй æнæ федералон центры барлæвæрдæй регионтæн сæ бон нæу, Иумæйаг
Уый тыххæй УФ-йы Федерацийы Советмæ закъоны проект бахаста Тотоонты Алыксандр. Куыд бафиппайдта, афтæмæй æнæ федералон центры барлæвæрдæй регионтæн сæ бон нæу, Иумæйаг паддзахадон реестрмæ цы историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ бахастой, уыдонæй искæцы уырдыгæй айсын. Дæнцæгæн æрхаста ахæм хъуыддаг: зæгъæм, бинонтæ цæрынц кæлæддзаг хæдзары, фæлæ бæстыхай ис культурон хæзнаты номхыгъды. Закъонмæ гæсгæ, бинонты уырдыгæй рæкæнæн нæй. Цæмæй йæ реестрæй сисой, уый тыххæй хъæуы бирæ рæстæг, стæй стыр хæрдзтæ.
«Ахæм цаутæ регионты æрæх вæййы. Республикæтæн сæхицæн бар куы уа, уæд зынгæ фенцондæр уыдзысты кæцыдæр хъуыддæгтæ. Уыимæ сæм къаддæр цæстдард нæ цæудзæн. Уымæй уæлдай ма регионтæн фадат фæуыдзæн æхсæнадимæ кусын æмæ социалон хызты руаджы цыртдзæвæнтæм фылдæр æргом здахын», – загъта Тотоонты Алыксандр.
Ног закъоны проектмæ æркæсдзысты Паддзахадон Думæйы ацы аз мартъийы.
темæмæ гæсгæ




