филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:29 пятница, 17 мая 2024
19 апреля 2013, 14:15
Цæгат Ирыстоны кусæг хæххон ирвæзынгæнджыты ‘ххуыс арæх бахъæуы æнæнхъæлæджы уавæрты бахауæг адæмы

Альпинисттæн æххуыс, штольнæты куыст, стыр фæндаггон фыдбылызтæ – æдзух сты хъыгдардбаййафджыты фарсмæ.

Альпинисттæн æххуыс, штольнæты куыст, стыр фæндаггон фыдбылызтæ – æдзух сты хъыгдардбаййафджыты фарсмæ.

Æрæджы та Мызуры цæрджытæн тынг баххуыс кодтой зынгсирвæзты рæстæг.

Зынгхуыссынгæнæн машинæйы уынæр хæхты дардмæ хъуысы. Уый фехъусгæйæ алчидæр амбары – кæмдæр хъæуы се ‘ххуыс æмæ тагъд кæнынц.

Сыбыры хæххон æфсæддон-ирвæзынгæнæн взводы службæгæнджытæ ахуыр сты, зын уавæрты кусын, уæлдайдæр та хæхты. Ныртæккæ сты Цæгат Ирыстоны. Ручъы тъунелы æдасдзинад – у сæ хæс.

Фæлæ искуы исты фыбылыз æрцыд зæгъгæ, уæд фыццæгтæ атындзынц æххуыс кæнынмæ.

Афтæ уыд, Мызуры хæдзæрттыл арт куы схæцыд, уыцы рæстæг дæр. Уæд хъæуы цæрджытæн баххуыс кæнынмæ фæзынд бирæ адæм: Алагиры æмæ Мызуры зынгхуыссынгæнджытæ, бархионтæ, цæрджытæ сæхæдæг.

Сыбираг ирвæзынгæнджытæ уæд бынатмæ бахæццæ сты фыццæгтимæ. Иннæ службæтимæ æмгуыстгæнгæйæ арт уайтагъддæр аххуыссын кодтой. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй уый æрмæст фæлтæрддзинадæй аразгæ нæу. Сæ хайадмæ службæ кæнынмæ чи æрбацæуа, уый йæ дæсныйад хъуамæ зæрдæйæ уарза, йæхиуыл ма ауæрда, фæнда йæ адæмæн аххуыс кæнын.

Хæххон æфсæддон-ирвæзынгæнæн взвод æмгуыст кæны æнæнхъæлæджы уавæрты æппæт службæтимæ. Бахъуаджы сахат иумæ кусын — у сæ домæнтæй иу. Хъуамæ цæттæ уой хæстон æмæ сабыр царды æнæнхъæлæджы уавæрты архайынмæ.

Се ‘рвылбоны куыст та у – цæст дарын Ручъы тъунелы штольнæйы машинæты цыдмæ. Сæрмагондæй та, цæмæй штольнæйы уæлдæфмæ зианхæссæг буаргъæдтæ ма цæуой, уымæ. Уый тыххæй алы бон дæр уæлдæфы уавæр бæрæг кæнынц сæрмагонд лабораториты.

Цалдæр боны размæ тъунелы рады ныллæуыдысты взводы иннæ службæгæнджытæ. Суанг ма фæндагыл фехъуыстой, сæ размæ чи уыд, уыдон зынгсирвæзты рæстæг адæмæн цы ‘ххуыс бакодтой, уый тыххæй.

«Мах дæр цыфæнды сахат цæттæ стæм, фæлæ не ‘ппæт дæр фыдбылызæй хызт куыд уæм, уый нæ фæнды» – зæгъынц Сыбыры хæххон æфсæддон-ирвæзынгæнæн взводы службæгæнджытæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania