Амалхъом адæмæн барадон æххуыс кæнын кæй хъæуы, ууыл рагæй цæуы ныхас. Ныр ахæм фадат ис нæ республикæйы чысыл æмæ астæуккаг бизнесы рæзты управленийы.

Дыууæ азы дæргъы амалхъом адæймаг Хъуысаты Константин агуры рæстдзинад æмæ тох кæны йæ бартыл. Ныр æрбацыд бизнес-омбудсменмæ. Хъуыддаг афтæ рауад æмæ Константин Фыййагдоны байгом кодта дурлыггæнæн цех. Фæлæ куыд рабæрæг, цех кæм ис, уыцы зæхх чидæр адихтæ кодта æмæ сæ приватизаци скодтой æндæр адæм… Цæмæн афтæ рауад æмæ чи у аххосджын? Уый сбæрæг кæнынмæ йæ хъаст æрбахаста чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады райрæзты управленимæ æмæ республикæйы бизнес-омбудсменмæ. Хъыгагæн, Хъуысаты Константины хуызæн амалхъом адæймæгтæ чысыл не сты.
Цæбиты Тимур, РЦИ-Аланийы амалхъомдзинады райрæзты управленийы хицау: «Ис бирæ цæстдарæн оргæны æмæ сæ алкæй бон дæр у æрбацæуын амалхъом адæймагмæ, йæ куыстуатмæ æмæ бæрæг кæнын йæ куыст, йæ архайд, цы аиппытæ ис сæ куысты, уый. Æмæ фылдæр хатт чысыл бизнес кæмæ ис, уыдон нæдæр сæ бартæ нæ зонынц, нæдæр сæхи куыд дарын хъæуы, уый. Уымæ гæсгæ амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæн системæ кæй фæзынд, уый хорз у. Иуæй семæ æмбарынгæнæн куыст кæндзысты, иннæмæй та сын бахъуаджы сахат сæ бартæ хъахъхъæндзысты».
Уæвгæ, амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæн системæ фæзынд канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ паддзахад цы амалхъомдзинады райрæзты программæ сфидар кодта, уый цæуы размæ. Фæлæ куыд цыфæнды хъуыддаджы, афтæ ам дæр фæзыны къуылымпыдзинæдтæ æмæ цæлхдуртæ. Æмæ сæ афоныл хъæуы лыг кæнын. Уый та у омбудсмены хæс.
Медойты Тимур, РЦИ-Аланийы сæргълæууæджы æххæстбарджын амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг: «Ног закъонмæ гæсгæ æххæстбарджын хъахъхъæнæгмæ ис бартæ. Суанг ма йæ бон у паддзахадон, муниципалон æмæ хицаудзинады оргæнтæм æрвитын фыстæджытæ æмæ сæ 15 бонмæ дзуапп агурын. Хорз ма уый дæр у æмæ омбудсменæн йæ бон у, кæй æрцахстой, уыцы амалхъом адæмы бæрæг кæнын, семæ ныхас кæнын. Архайын тæрхондоны æмбырдты».
Амалхъом адæмы бартыл тох кæнынæн ма фыст æрцыдысты æмгуыстады бадзырдтæ республикæйы прокуратурæимæ.
Тауаситы Алан, РЦИ-Аланийы прокуратурæйы федералон закъонад куыд æххæстгонд цæуы, уымæ цæстдарæг хайады прокурор «Бадзырд куы бафыстам, уæдæй фæстæмæ прокуратурæмæ æрбацыд бирæ фыстæджытæ. Алкæмæ дæр дзы цæуы бæстон цæстдард, кусæм сыл æмæ рахæссæм уынаффæ. Цы хатдзæгтæ скæнæм, уыдон фехъусын кæнæм амалхъомдзинады райрæзты управленийы кусджытæн æмæ омбудсменæн».
Прокуратурæ æмæ омбудсмен куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ныртæккæ кусынц амалхъом адæймæгтыл кæй байгом кодтой, цалдæр ахæм уголовон хъуыддæгыл. Медойты Тимур куыд зæгъы, афтæмæй сæ фылдæр цы фæстиуджытæм расайынц, уый республиæкæйыл хуыздæрырдæм нæ фæзынынц: къаддæр кæнынц кусæн бынæттæ, зынгæ фæкъаддæр вæййынц *фтиæгтæ республикæйы бюджетмæ. Уыимæ ма фæстæг рæстæг бирæ фæфылдæр сты амалхъом адæмæй хъæстытæ. Омбудсмены кусæг къорд æркæсы алы курдиатмæ дæр æмæ зæгъынц – сæ хæс у амалхъомдзинады райрæзтыл архайын æмæ хъахъхъæнын сæ бартæ. Æмæ йæ æххæст кæнынц.
Зыхъуаты Жаннæ
