филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:14 вторник, 16 декабря 2025
19 апреля 2018, 18:17
Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков фембæлд Горæтгæрон районы цæрджытимæ

Архайдтой дзы районы хицауад æмæ барадон оргæнты кусджытæ.

Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков фембæлд Горæтгæрон районы цæрджытимæ
Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков фембæлд Горæтгæрон районы цæрджытимæ.
Архайдтой дзы районы хицауад æмæ барадон оргæнты кусджытæ. Æргом ныхасы Горæтгæрон районы хайады сæргълæууæг Гуытъиаты Алан радзырдта ацы азы куысты бæрæггæнæнты тыххæй. Æмтгæй сæ куыст нымад æрцыд хорзыл, фæлæ ма министр бафиппайдта, цыбыр рæстæгмæ цы лыггæнинаг фарстатæ алыг кæнын хъæуы, уыдон. Уый фæстæ хуыздæр кусджыты ныййарджыты схорзæхджын кодта арфæйы фыстæджытæй. Æмæ сын загъта бузныг, ахæм кæстæртæ кæй схъомыл ккодтой, уый тыххæй. Фæлæ æппæты зынаргъдæр у – адæм сын цы аргъ скодтой, уый. Ацы фембæлды пъæлицæйæгты номыл хъуыстысты æрмæстдæр арфæйы ныхæстæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania