Амæй фæстæмæ барадхъахъхъæнджыты ахуыр кæндзысты бæхыл бадын. Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады арæзт æрцыд бæхты пъæлицæйы взвод. Йæ сæйраг нысан у – горæты
Бон дыууæ сахаты тренировкæтæ. Байраг Арго хъуамæ уа хиуылхæцгæ. Йемæ чи кусы, уыцы пъæлицæйаг Джиоты Русланимæ иумæйаг æвзаг раджы ссардта. Тхостаты Таймураз та дзуапп дæтты байраг «Инар»-æн. Ахæм ног æмбалыл тынг бацин кодта.
Тхостаты Таймураз пъæлицæйы хистæр сержант: «Æз пъæлицæйы бирæ нæ кусын. Фæлæ мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Уæлдайдæр та нæм бæхты пъæлицæ кæй фæзынд, уый тынг цымыдисаг у. Мæ бæхимæ тынг балымæн дæн. Кæрæдзийы бамбæрстам».
Бæхты пъæлицæ Цæгат Ирыстоны ногдзинад у. Барадхъахъхъæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йын ис стыр ахадындзинад. Ног взвод арæзт æрцыд Беслæны бæхты заводы. Кусын дзы райдыдтой, сæрмагонд ахуыртæ чи ацыд, уыцы пъæлицæйæгтæ. Æлхæнгæ та бакодтой æппæтæй хъаурджындæр æмæ коммæгæс бæхтæ. Ахуыр сæ кæндзысты транспорты æмæ адæмы хъæрæй, æмæ ма суанг хæцæнгарзы гæрæхтæй нæ тæрсыныл. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ бæхтæ иумæ кусынц ныр æртæ мæйы. Фæлæ ныридæгæн сæ фыццаг æнтыстдзинæдтæ зынынц. Пъæлицæйæгтæ рад хастой стадион «Спартачы», Олимпаг эстафетæйы рæстæг.
Нырма уал ног взводы ис 25 барæджы. Фæлæ рæхджы фæфылдæр уыдзысты дыууæ хатты. Мидхъуыддæгты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы хъуыддаг банымайæн ис хорзыл.
Артур Ахметханов, РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министр: «Дыууæ азы куыстам ацы фарстайыл. Фыццаджыдæр баст у æхсæнад хъахъхъæнынадимæ. Ома, стадион «Спартачы» æмæ æндæр спортивон мадзæлтты рæстæг æдасдзинад. Уымæй дарддæр бæхты пъæлицæйы фæрцы административон арæныл араздзыстæм сгарæн-агурæн мадзæлттæ».
Бæхты пъæлицæ куыд рæсугъд у, ууыл дзурын дæр нæ хъæуы, зæгъынц барадхъахъхъæнджытæ. Балхæдтой сын ног уæлæдарæс, фургон. Бахъуаджы сахат сæ æрвитдзысты республикæйы дæрддзæф районтæм, æмæ ма суанг сыхаг республикæтæм дæр.
Фидараты Маринæ




