филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:35 понедельник, 15 декабря 2025
31 июля 2014, 11:59
Цæгат Ирыстоны мыдгæстæ æрвылаз кæнынц 125 тонны онг мыд. Уыцы бæрæггæнæнтæ сты республмикæйы хъæууон хæдзарады министрадмæ

Базарадон ведомствæйы куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы мыд уæлдайджынтæй фаг у, бынæттон базартæ продукцийæ ифтонг кæнынæн. Мыды куыст кæнынц хи хæдзарæдты, æмæ дыууæ стыр

73566
Базарадон ведомствæйы куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы мыд уæлдайджынтæй фаг у, бынæттон базартæ продукцийæ ифтонг кæнынæн. Мыды куыст кæнынц хи хæдзарæдты, æмæ дыууæ стыр кооперативы «Золотая пчелка» æмæ фермерон хæдзарад «Клопцов»-ы. Дыууæ куыстуаты дæр кусынц мыдыбындзытæ парахат кæныныл. Бирæ кæнынц Карпатский, æмæ Кавказаг мыдыбындзыты мыггæтæ. Уæй сæ кæныныц сыхаг регионты мыдгæстæн дæр. Бехъаны кооператив «Золотая пчелка» кæны мыды æппæт продукцитæ дæр. Мыды чыргъæдтæ дæр кæнынц сæхæдæг, уæй сæ кæнынц мыдыкуыстгæнæг хæдзарæдтæн. Уымæй уæлдай сæм цæуынц сæрмагонд уæлæдарæс æлхæнынмæ. Бехъаны цæрджытæй ацы продукцийы рауагъдадыл бирæтæ архайынц. Мыды кыст дзы кæнын суанг Советон рæстæджытæй нырмæ. Мыды чыргъæдтæ ис хи хæдзæртты дæр. Людмилæ Терещенко мыдыбындзытимæ архайы 40 азæй фылдæр. Куыд зæгъы, афтæмæй æнæ ацы куыстуарзаг бындзытæй æмæ æнæ сæ мыдæй йæ цард уынгæ дæр нал кæны. Йæхицæн дæр пайда, уæдæ искæйы зæрдæ алхæнынмæ дæр фаг.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania